Кайя Калас - Евроцæдисы уæнгсуæвыныл   бадзырдты   райдаынæн Молдовæ æмæ Украина алы  домæнтæ хъуамæ сыххæст кæнæт, ацы æрдгæй  уæлбартæ нæ уыдзæн
Кайя Калас - Евроцæдисы уæнгсуæвыныл бадзырдты райдаынæн Молдовæ æмæ Украина алы домæнтæ хъуамæ сыххæст кæнæт, ацы æрдгæй уæлбартæ нæ уыдзæн

Молдовæ æмæ Украина  Евроцæдисы уæнгсуæвыныл   бадзырдты   райдаынæн алы  домæнтæ хъуамæ сыххæст кæнæт, – уый фæдыл   Эстонийы   премьер-министр   Кайя Калас  Евроцæдисы  лидерты саммиты размæ райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй   ацы  æрдгæй   уæлбартæ нæ уыдзæн.

«Мах разы стæм  Евроцæдисы ауæрæхимæ, фæлæ Украина æмæ Молдовæйæн загътам, цæмæй  хъуамæ сыххæст кæнæт   критеритæ 100 процентæй, уыдонæн уæлидзинæдтæ  ацы æрдгæй нæ уыдзæн . Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украина  алы критерийы хъуамæ  сыххæст кæнæт. Афтæмæй,   кæд   сыххæст кæндзыстут   домæнтæ,  рæстаг  уыдзæн бадзырдтæ райдаын.  Уый у  вазыгджын реформæтæ, фæлæ уыдон хъуамæ сыххæст уæт.  Гуырдзыстонæн зындæр у,  прогресыл куы  ныхас  кæнæм уæд.  Кæд фендзыстут  критериты  сыххæсты фæдыл раныхас,  нырма  ис рæстæг  бакусынæн.  Афтæмæй  алы  критерийы  хъуамæ  сыххæст уа», –  райхъусын кодта Кайя Калас.