Кæрдзынгæнджыты ассоциацийы хъусын кæнынц, цæмæй ссады æнæкуылымпы импорты цауы, дзулыл аргъ нæ фæуæлдай уыдзæн
Дзулфыцджыты ассоциацийы информацийæ, дзулыл æргъты рæзт æнхъæлмæкæсинаг нæу. Малхаз Долидзейы дзырдæй, зæгъгæ уæдмæ цалынмæ ссады импортыл таможнæ фидинаг нæй æмæ йæ импорт бæстæмæ æнæпроблемæтæй цæуы, дзулыл æргътæ нæ фæуæлдай уыдзысты.
«Ссады импорт бæстæмæ райрæзтис 5-6 хаттонæй. Уымæ гæсгæйæ дæр, кæрдзынæгæнæнтæм фæзындис фадат, æвзæрст саразын, куыд гъæдæй, афтæ аргъæй, уыцы периодмæ гæсгæйæ, базарыл фылдæр бынæттон кондæдты уагъд продукттæ куы уыд рæувадат. Нæ зонын цас рæстæг аххæсдзæн ссады импорт, фæлæ факт у уый, ома ласынц ссад, ис барæвзар æмæ абон уæвæг уавæрмæ гæсгæйæ, дзул нæ фæзынаргъ уыдзæн», – загъта Дзулфыцджыты ассоциацийы къухдариуæггæнæг.
Сæхи æрдгæй ссады импорты рæзтæй сæвзæргæ проблемæтыл ныхас кæнынц Гуырдзыстоны мæнæуы æмæ ссады индустригæнджыты ассоциацийы. Леван Силагавайы дзырдæй, ноябры мæйы бæстæ 40% къаддæр мæнæу балхæдта æмæ уый прецедент цæмæн нæй, ахæм ныллæг бæрæггæнæн у. Леван Силагавайы дзырдæй, бæстæйы ссады импорт рекордонæй рæзы æмæ уый хæлцадон æдасдзинадæн риск хæссы.
Мæнæуы импорт фæкаддæри Уæрæсейы æрдгæй мæнæуыл таможнæ фидинаг æрбайстæй. Æрмæст ивгъуыд къуырийы Уæрæсе 80$-аргъы фидинаг мæнæуыл 10 долларæй, – 90 доллары фæзынаргъ кодта, кæцы, продукты фæзынаргъ расайдта.
Ссады та, абон базарыл Гуырдзыстоны конд ссад фыццаг гъæды ссад, иу голлаг 70-72 ларийы аргъ у, импортиргонд ссады аргъ та 67-69 лари.