Кæцы цауы нæ бауыдзæн уæ бон æфстау райсын – Национ Банчы ног проект
Гуырдзыстоны Национ Банкъ публикаци скодта проект, кæцы кредитдæттæг организацитæн ног регуляцитæ фидар кæны.
Регуляцитæ æххæссынц кæцыфæнды амалиуæгдар субъектыл, кæцыйæ иурæстæгонæй 20-æй фылдæр физикъон гоймаг дарынц хæс.
Проектмæ гæсгæйæ, æнæруадзгæ у, æфстаудæттæг организаци æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалы фидынхъомдзинад æххæстаргъджын анализæй цухæй адæтта кредит. Фидынхъомдзинады анализ йæ хъуыдыйы дары æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалы æфтиæгты, хардзты æмæ хæсты деталон асгæрст.
Æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалы фидынхъомдзинадæн аргълæвæрды рæстæджы, лæмбынæг асгæрст хъуамæ æрцæуа алы уыцы уæлæмхас фактор, кæцы гæнæн ис нгегативонæй бандава сæ кредиты лæккадыл. Æфстаудæттæг организаци уымæ уæвæг информацийы зæрдылдаргæйæ, максималонæй хъуамæ аргъ скæна уыцы уæнгты æхсæнадæн, кæцыитимæ иумæ, æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалмæ ис иумæйаг æфтиаг кæнæ хæсист.
Закъонопроекты мидæг æрнымадгонд у уыцы документаци, кæцы æнæмæнгхъæугæ уыдзæн фидынхъомдзинады æххæстаргъджын анализæн – мызды æсфыст банкъон хыгъдæй, æвдисæнгæххæт æфтиæгты куыстæй æмæ æндæр æууæнкаг документаци.
Афтæма æнæруадзгæ у ахæм æфстау/кредит адæттын, кæцы цауы дæр, æфстауисæг/æфстауисæгы æмбал фидынц æрмæстдæр уæлæмхас процент, æрмæст кредиты сйраг суммæ, кæнæ йæ нысаниуæгджын хай – æмгъуыды кæрон. Сæйраг суммæйы бафидын фæндгæ у æххæст цæуа æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалы æфтиагыл æнцой зæндджынæй арæзт графикъмæ гæсгæйæ. Арæнвæрд не ндавы ахæм цаутæм, уæлбарджын период æхсæз мæйæ фылдæр куы нæ вæййы ипотекон æстауы цау, æрмæст æртæ мæйæ та æндæр типы кредиты цауы, æфстауы æмгъуыдыæппæт дæргъы.
Кæд æфстауы/кредиты бамбæрзыны æмгъуыд хизы æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалы пенсимæ ацыды периодмæ, уæд æфстаудæттæг организаци уæлæмхасæй документонæй хъуамæ сбæлвырд кæна уыцы æфтиæгтæ, кæцытæй дæр æрцæудзæн пенсион кармæ бахизыны фæстæ, æфстауисæг/æфстауисæгы æмбалы кредиты лæккад. Паддзахадон пенсийæ, райсинаг æфтиаг нæй гæнæн нымадмæ ист æрцæуа, æфстауы/кредиты бамбæрзынæн хъугæ гуырæнæй.
Ацы уагæвæрды домæнтæ не ндавынц уыцы цаутæм, кæд æфстауисæгы æмтгæйон хæстæ, æфстаудæттæг организацийы æрдæм (кредитон-информацион базæйы ссаргæ информацийы бындурыл) фылдæр нæ уыдзысты 300 ларийæ æм уыйимæ иумæ, æфстауисæгæн кредитон информацион базæйы нæй (негативон» статус. Ацы статус лæвæрд цæуы уыцы цауы, кредитыл куы фиксир кæны 30 бонæй фылдæр æмгъуыдивгъуыд.
Финансон институтты æмæ интересджын уæнгтæн ис фадат, цæмæй проекты фæдыл сæрмагонд хъуыдытæ, Национ Банкъмæ сентябры онг бавдисой. Æрмæст ног регуляцитæ, финансон организацитæн скусдзысты 2019 азы 1 январæй.