Канадæйаг къай цыбыр программæйы фæуæлахиз ис дунейы рекордæй (видео)
Пхенчханы Олимпиадæйыл майданты райуæрст райдыдтой фигурон бырыны кафаг къæйттæ. Сырæзт цыбыр программæ, кæцыйы фæстæ дæр рабæрæг ис сыгъзæрин майданы кандидат.
Ай у Канадайаг къай – Тъеса Вирту æмæ Скотт Мойр. Ацы дует цыбыр программæйæн æрымбырд кодта 83.67 баллы кæцы у дунейы ног рекорд.
Дыккаг бынат бацахстой францæгтæ – Дунейы дыууæхаттон æмæ Европæйы цыппархаттон чемпионтæ Габриела Пападакис æмæ Гийом Сизерон. Уыдон æрымбырд кодтой 81.93 баллы. Æртыккаг бынатыл сты америкæгтæ – Медисон Хабел æмæ Хазар Доннохью (77.75). Сæ фæстæ цæуынц афтæдæр америкæгтæ – Майя æмæ Алекс Шибутантæ(77.73).
Олимпиадæйы репортажты фенын уæ бон у ам Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)