Юстицийы Советы уæнгтæм цыппар кандидатæн иннæ сессион къуырийы ногæй схъæлæс кæндзысты
Парламенты абоны пленарон рабадтыл Юстицийы бæрзонддæр советы уæнгы дыууæ вакантон бынатмæ сывзарынæн, кæцытæ зноны хъæлæскæнынады рæстæджы, æндæртимæ абаргæйæ фылдæр хъæлæстæ рымбырд кодтой.
Сæрмагондæй та дыккаг туры хъæлæскæнынмæ рахастой Русудан Квиникадзейы, Гога Кикалашвилийы, Леван Немсадзейы æмæ Нино Нишнианидзейы кандидатурæтæ, кæцытæ зноны хъæлæскæныны рæстæджы æндæртимæ абаргæйæ фылдæр хъæлæстæ райстой.
Иунæг кандидат дæр сывзарынæн хъæугæ 90 хъæлæсы нæ рымбырд кодта, цæй тыххæй дæр æртыккаг тур цæудзæн. Сæрмгаондæй та абоны хъæлæскæныны фæстиуæгæн, фондз хъæлæс райста Русудан Квиникадзе, Гога Кикалашвилийæн схъæлæс кодтой æхсæз депутаты, Леван Немсадзейæн схъæлæс кодтой парламенты 10 уæнгæй, æрмæст Нино Нишнианидзе райста 11 хъæлæсы.
Банысан кæнинаг у, цæмæй хъæлæскæныны агъоммæ парти «Картули Оцнебайы» сæрдар Иракъли Къобахидзе фылдæрты депутаттæм æрсидтис, Юстицийы советы уæнгтæм кандидатты тыххæй абон формалон хъæлæскæнынад ацыдаит æмæ цыппар кандидатыл консльтацитæ ацыдаит.
«Регламентмæ гæсгæйæ, дыууæ къуыримæ хъуамæ ацæуа фæдылдзог хъæлæскæнынад, а.х. æртыккаг тур, уæдмæ ацæуæм консультацитæ цыппар кандидаты алыварс, кæцытæ сты бавдыст, абон ауадзæм формалон хъæлæскæнынад», – райхъусын кодта Иракъли Къобахидзе.