Юстицийы министрады æхсæнадон центрты æрбайгом уыдзысты англисаг æвзаджы æнæфидгæ кълубтæ
Юстицийы министрады æхсæз æхсæнадон центры, англисаг æвзагы кълубтæ скусдзысты.
Министрады информацийæ, Орсантиайы, Чаквийы, Диди Джихаишийы, Кабалы, Цъалкайы æмæ Валейы æрыгонтæн англисаг æвзаджы ахуыркæнын, сæ бон уыдзæн Британийы советы организацигондæй.
Æмгуысткæнынады меморандумыл къух бафыстой «Британийы совет Гуырдзыстоны» директор Заза Пурцеладзе, юстицийы министр Тея Цъулукиани æмæ ахуырады æмæ зонынады министр Михеил Чхенкели.
Меморандуммæ гæсгæ, Бритайы совет Гуырдзыстоны 6 хъæуы, англисаг æвзагы ахуыркæнынæн, спайда кæндзæн министрадмæ хъæуты цы инфраструктурæ ис уымæй.
Юстицийы министрады хъусинагæй, æхсæнадон сервис центрты байгом уыдзæн англисаг æвзаджы клубтæ, кæцыты сывæллæттæ бынтон æнæаргъæй ахуыр кæндзысты, пайда кæндзысты центры уæвæг чингуытæй, онлайн ресурстæй, аудио-видео æрмæгæй, хайад райсдзысты англисаг æвзаджы конкурсты.