Юстицийы министрад - Европæйы Советы министрты комитет, депортиргондты хъуыддагæй цы хонынц, уый фæдыл карз æхсæйнаг резолюци райста
Гуырдзыстоны юстицийы министрады информацийæ, Европæйы Советы министрты комитет цæугæ азы сентябры дебаттыл «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ (I)» (а.х. «Депортиргондты хъуыддаг») æркастис.
Уагдоны хъусинагæй, рабадтыл Гуырдзыстоны минæварад бахахх кодта æркасинаг хъуыддагыл Страсбургы тæрхондоны уынаффæ сæххæсты нысаниуæг æмæ разагъдта дырыс позици, ома нæкæсгæ Уæрæсейы Федерацийæн Европæйы Советы уæнгы статус фæурæдмæ, дзуаппдæттæг паддзахад уæддæр хæсджын уыдзæн æнæуæлдайныхасæй сыххæст кæны тархондоны уынаффæ.
Уыимæ, юстицийы министрады информацийы куыд дзырдæуы афтæмæй, министрты комитеты дебатты фæлгæтты делегациты абсолютон фылдæры хай, дырыс бафаудтой Уæрæсейы уæлдæрбанысангонд хæсы æнæсæххæст æмæ æнæхъæнæй сразы сты Гуырдзыстоны минæвæртты позициимæ.
Министрады хъусинагæй, комитеты нымæрдарад æркæсинаг хъуыддаджы сыххæсты фæдыл йæ цæстæнгас иннæ рабадтыл хъуамæ бавдиса, кæцы 2022 азы декабры ацæудзæн.
«Страбургы тæрхондоны 2019 азы 31 январы уынаффæйæ, Уæрæсейы хицауадыл æвæрд уыд хæс, гуырдзиаг фарсæн 10 000 000 евройы бафидыны фæдыл уыцы уæнгтæн баххуыс адæттынæн, чидæриддæр 2006 азы Уæрæсейæ массон депортацийы амæттæгтæ фестадтысты. Фæлæ нæкæсгæ гуырдзиаг фарсы æмæ министрты комитеты тыхархайдмæ, кæцы 2021 азы кæрон кæрæдзи æмбарынады меморандум бафыссынæй фæцис, Уæрæсе суммæ ацы рæстæгмæ нæ бафыста.
Гуырдзиаг фарсы инициативæйæ, комитет депортиргондты хъуыддаджы кæсынмæ иннæ рабадтыл, 2022 ахы декабры æрыздæхдзæни», – дзырдæуы юстицийы министрады информацийы.