Юстицийы министрад -  АИШ-ы паддзахадон департаменты  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  трефикингы ныхмæ  сæххæст мадзæлттæй, Гуырдзыстон  дунейы  масштабæй  лæууы бæрзонддæр бынатыл, фыццаг къалатийы
Юстицийы министрад - АИШ-ы паддзахадон департаменты хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, трефикингы ныхмæ сæххæст мадзæлттæй, Гуырдзыстон дунейы масштабæй лæууы бæрзонддæр бынатыл, фыццаг къалатийы

АИШ-ы паддзахадон публикаци скодта департамент адæймагæй  базар кæныны (трефикингы) ныхмæ тохы  æрдгæй  2022 азы  хыгъдлæвæрд.

Юстицийы министрады информацийæ, хыгъдлæвæрдмæ  гæсгæйæ,  адæймагæй  базар кæныны (трефикингы) ныхмæ   паддзахадты  сæххæст  мадзæлттæй Гуырдзыстон  дунейы  масштабæй  та  фæстæмæ  бæрзонддæр бынатыл ис – фыццаг  калатийы.

Юстицийы  министрады  куыд банысан кодтой афтæмæй,   паддзахадон департаменты  аргълæвæрд бæстæты æхсæн  Гуырдзыстон дунейы  уыцы  хуыздæр 30  паддзахады нымæцы ис, кæцытæ  æххæстæй  æмбæлон сты   трефикингы ныхмæ тохы  стандарттæм  æмæ  иудадз-ыг режимы  дарддæр кæнынц   фæдфæдон  æмæ координацигонд  мадзæлттæ  трефикингы  ныхмæ тохы æрдгæй.  Ацы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстон  йæ фæстæ фæуагъдта   Евроцæдисы уæнг 13  паддзахад (Болгари, Хорвати, Дани, Греци, Венгри, Ирланди, Италиа, Латви, Мальтæ, Польшæ, Португали, Румыни, Словаки) æмæ ацы  аз дæр иунæг  у  Хурыскæсæн партнерады  бæстæтæй (Гуырдзыстон, Украина, Молдовæ, Белорус, Сомихыстон, Азербайджан), кæцы фыццаг калатийы  ахсы  бынат.

«Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  сæрмгаонд æппæлды  аккаг  ссис  закъондæттæн ивддзинад,      кæцымæ  гæсгæ дæр   трефикингы   фыдракæнды амæттæгтæн  ис  бар,  райса иухаттон компенсаци  нæкæсгæ  йæ зианбавзарæгы   процессуалон  статусы уæвын-нæуæвынмæ.  Æвæрцццаг аргъ  лæвæрд уыд   Гуырдзыстоны юстицийы министрады инициативæйæ   арызт  фæндагамонгæ документтæн, кæцытæ  кусæн эксплуатацийы, тыхыбын кусын кæныны æмæ   амæттæгты  идентификацийыл  бæрнон  профессионалтæн  у бакуыст», – банысангонд у  информацийы.