Юлия Тимошенко, Украинæйы президентмæ æрсидтис Саакашвилийы ссæрибар кæнынмæ
Политикъон партий «Баткивщина»-йы лидер Юлия Тимошенко Украинæйы президентмæ æрсидтис, Михеил Саакашвилийы ссæрдиар кæныны куырдиатæй. Æмбæлон сидты, Тимошенко публикаци скодта «Фейсбукы» официалон веб-фарсыл.
«Хицауиуæгы цыппæрæм азы сæрыл сымах фестадыстут иурæстæгонæй президент, прокуррор, парламент, хицауад, тæрхондон æмæ алы телеканалы продюссер. Ныр згъæрхызæй æмбонд кæнут у оппонентты, рпаст Янукович куыд кодта – афтæ. Уæ зæрдыл æрдарут куыд фæцис йеуæд алцыдæр» – фыссы Тимошенко.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, Саакашвилийы æрцахстой Петро Порошенкойы бардзырдæй. Тимошенко æрсидтис Украинæйы президентмæ æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæна Саакашвилийы æмæ ма фæхуыдинаг кæна Украинæ сæрмагонд адæмы æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы цæстмæ.