Юлиан Кифу – Румыни Гуырдзыстонæн у сеппæтæй нысаниуæгджын фарсхæцæг, НАТО æмæ Евроцæдисы фæндагыл сымахæн баххуыс кæнын,  махæн  у стратегион интерес
Юлиан Кифу – Румыни Гуырдзыстонæн у сеппæтæй нысаниуæгджын фарсхæцæг, НАТО æмæ Евроцæдисы фæндагыл сымахæн баххуыс кæнын, махæн у стратегион интерес

Румыни у сегасдæр  нысаниуæгджын фарсхæцæг  Гуырдзыстонæн, афтæ уыдис 20 азы дæргъы, – уый фæдыл  Румынийы  евроатлантикон   фæразондзинады  центры  уагъд  фембæлды фæстæ,  конфликтты маруадзыны æмæ  рагафон   фæдзæхсыны церты  президент Юлиан Кифу   райхъусын кодта.

Уый ныфс  равдыста, цæмæй декабры,  Евроцæдисы совет куы рымбырд уыдзæн,  фæстагмæ аскуыддзаг кæндзæн,  цæмæй  ратта кандидаты статус  Гуырдзыстонæн.

«Румыни Гуырдзыстонæн у  сеппæтæй  нысаниуæгджын фарсхæцæг. Уый афтæ уыд 20 азы  дæргъы.   Ныр та  НАТО-йы  æмæ евроцæдисы фæндагыл, сымахæн фарс рахæцын у мах стратегион  интерес, цæмæй  уын  уæ фарс рахæцæм  ацы фæндагыл, уый нымæцы Евроцæдисы рафарсты анкет баххæст кæныны æмæ  реформæты  сыххæст рæстæджы,ахæм куырдиат  куы  уыдзæн хицауадæй,  уæд.  Ныфс дарæм, цæмæй  декабры, Евроцæдисы совет куы рымбырд уыдзæн,  фæстагмæ аскуыддзаг кæндзæн, Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттын.  Афтæма ныфс дарæм  бадзырдтæ райдаын  Украина æмæ Молдовæимæ.  Сегасдæр  нысаниуæгджын,  у   æхсæнады фарсхæцын.   Афтæмæй,  цас рæстæг аххæссдзæн  æхсæнады фарсхæцын  Европаг  æмæ евроатлантикон интеграцимæ, уый йас  уын  уыдзæн тынг фидар аргумент размæцыдæн». – райхъусын кодта Юлиан Кифу.