Йенс Столтенберг - аспирант бæстæты прогрессæн аргъ скæндзыстæм апрелы
Мах сразы стæм, цæмæй НАТО-йы гом дуары политикæ у историон æнтыст æмæ сæйраг роль æххæст кæны евроатлантикон æдасдзинады æрдгæй – уый фæдыл цæгататлантикон альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Фыццаг Каналæн НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадты фæуды фæстæ.
НАТО_йы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты мнинстртæ гом дуары политикæйыл уынаффæ кæнын фесты. Йенс Столтенберг, банысан кодта, цæмæй ауæрæхы æнтытсджын къахдзæфтæ баахъаз кодтой Европæйы сабырады æрфидар кæнын æмæ европаг интеграцийæн фидар бындур æрцæттæ кодтой.
«Уый бæлвырд дæнц у Монтенегройы уæнгсуæвын. Мах афтæдæр разы стæм, цæмæй уæнгсуæвыныл скуыфддзæгтæ исынц аспирант бæстæтæ æмæ НАТО-йы 29 уæнгы. Никæмæ ис ветойы бар. Мах сразы стæм цæмæй алы аспирант бæстæйы прогрессæн аргъ скæнæм апрелы, фæсарæн хъуыддæгты мнинстрты фембæлды рæстæджы» – расидтис Столтенберг.
Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы Йенс Столтенберг афтæдæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонмæ ис алы хъæугæ инструмент, йæхи бацæттæ кæна НАТО_йы уæнгсуæвынмæ.