Эвелин Фаркас «Javelin» у сигнал, цæмæй Уæрæсейæн Гуырдзыстонмæ бырст зынаргъ сбаддзæн
АИШ-ы хъахъхъæеныады нымæрдары раздæры ассистент Эвелин Фаркасы хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстонæн танкъытыныхмæ ракетон комплекс «Javelin»-ы бауæй кæныны скуыддзаг æнææрмæст афойнадон, фæлæ ма байрæджыгонд дæр у зæгъгæ.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый байрæджыгонд скуыддзаг у. 2012-æй 2015 азы онг хъахъъхæнынады æртæ æндæр æмæ æндæр нымæрдарæн æз мæхæдæг амыдтон «Javelin»-ты бауæй кæныны скуыддзаг рай1сын.
Обамайы администрацийы ацы скуыддзаг райсын нæ фæндыд, кæцыйы тыххæй фарст гомæй ныууагхта Трампы администрацийæн. Тынг цин кæнын цæмæй фæстагмæ фарст Гуырдзыстоны пайдайæн аскуыддзаг ис. Ныр сæйраг уый у æмæ , куыд бафиддзæн хæцæнгарзы аргъы Гуырдзыстон. Нырма нæ зонæм рауæлдай кæндзæн æви нæ АИШ-ы хицауад Гуырдзыстонæн уыййас æххуыс, цæмæй «Javelin»-ты æххæст аргъ бафидын хъом бауа. Фæлæ Гуырдзыстонмæ уыдзæн фадат, системæйы этапгай балхæна. Хицауадмæ сидын бацархайа афоныл æмæ сараза алцыппæт ацы хæцæнгарз райсынæн» – банысан кодта Фаркас.
«Америкæйы хъæлæсы» гуырдзиаг редакциимæ интервьюйы Эвелин Фаркас куыд хъусын кæны афтæмæй, «Javelin»–æ у сигнал, цæмæй Уæрæсейæн Гуырдзыстонмæ бырст зынаргъ сбаддзæн.
Гуырдзыстон АИШ-æй дунейы номдзыд æмæ сеппæтæй эффективон танъкыныхмæ системæтæ балхæндзæн. «Javelin»–ы æрылхæдмæ гæсгæ, бадзырдтæ кройнаг этапыл сты. Америкæйы паддзахадон департамент, бадзырдимæ сразы ис – дзырдæуы, 75 милуан доллары аргъы æфсæддон техникæйы фæдыл.