АИШ-ы паддзахадон департамент, Гуырдзыстонæн ракетон комплексты «Javelin»-ы радæттыны фæдыл скуыддзагæн йæ фарс рахæцыд
АИШ-ы паддзахадон департамент, Гуырдзыстонæн ракетон  комплексты «Javelin»-ы радæттыны фæдыл скуыддзагæн йæ фарс рахæцыд

АИШ-ы паддзахадон департамент, Гуырдзыстонæн  танкъыты ныхмæ  ракетон  комплексты «Javelin»-ы радæттыны фæдыл скуыддзагæн йæ фарс рахæцыд.  Дзырдæуы техникæйы,  кæцыйы аргъ  75  милуан дллармæ  хæццæ кæны.  Информацийы хæлиу кæны  АИШ-ы хъахъхъæнынады уагдоны  дæлбар уæвæг   хъахъъæнынады æмæ æдадсзинады  агентад.  Пресс-релизы  дзырдæуы,  цæмæй  æмбæлон  скуыддзаг  нырид  фехъусын кодтой Конгрессæн дæр.

«Гуырдзыстоны хицауад ракуырдта антиракетон    комплекс «Javelin»-ы 410 ракетæйы, 72 мысанмæ исæн  ауадзæн  блокы, 10 ахуырадон комплесы  æмæ 70 нæмыгы балхæнын.  Афтæма АИШ-ы хицауад цæттæ у,  Гуырдзыстонмæ техникæйы транспортаци æмæ йæ  техникон лæггад срæвдз кæна» – дзырдæуы пресс-релизы.

Фидиуæны  хаххгонд куыд у афтæмæй,    ацы  хæцæнгарзы  алæвæрдæй фæфидардæр уыдзæн АИШ-ы æддæ политикъæйы къурс  æмæ  националон æдасдзинад,  Гуырдзыстоны  æдасдзинады фæтыхджындæр кæныны  руаджы.  АИШ-ы  хъахъхъæнынады уагдоны   хаххгондæй банысан кодтой, цæмæй  ацы  хæцæнгарзы   Гуырдзыстонæн алæвæрд регионы  уæвæг тыхты баланс  нæ фехалдзæн.

Афтæма фидиуæны  бамбарын кодтой, цæмæй  Гуырдзыстонæн  хæцæнгарзы  алæвæрды фæдыл бадзырд, нырма  кæронмæ нæ бахæццæ æмæ йæ  ногæй æркæсын  Конгрессн нрыма йæ бон у.