Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр - æрдзон æгъдауæй разы стæм ауæрæхы процессимæ, афтæма Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттынимæ
Эстони æрдзон æгъдауæй разы у ауæрæхы процессимæ, уымæн æмæ æнæуый ам нæ лæууыдаин æмæ уын нæ раттаин интервьютæ, афтæма Гуырдзыстонæн кандидаты статусы раттынимæ стæм разы, – уый фæдыл фидиуæн Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Маргус Цахк Брюселы сарызта, цы ран Евроцæдисы уæнг паддзахадты фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадт цæуы æмæ хурыскæсæн партнерады бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министериал цæуы.
«Куыд æй зонут афтæмæй, уый тынг вазыгджын фембæлд уыдзæн. Хъуыды кæнын, сеппæтæй вазыгджын советы фембæлд уыдзæн цы хъуыды кæнын уыдæттæй. Алцыппæтыл иумæ уынаффæ кæнæм – финансдзинад, ауæрæх æмæ уынаффæтæ, кæцытæ æрмæст Украинамæ не æххæссынц, уыцы уынаффæтæ махæндæр сты. Хъуамæ базонæм, цæмæй нæ уынаффæ кæнæм фылдæр баххуыс кæнæм Украинайæн æви нæ, фæлæ нæ фидæныл тæрхон кæнæм, цахæм уыдзæн нæ æдадсзинады архитектурæ. Æмæ кæд мах йнæ райсдзыстæм ахæм уынаффæтæ ауæрæхы фæдыл, цæмйæ спайда кæнæм ацы фадатæй, нæ зонын цы æрцæудзæн. Уый у æвзæр рæдыд, æвзæр æрвитæггаг алкæмæн, æнæрмæст украинæгтæн. Иу куыри ма нын ис æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, ссарыдзстæм рацæуæн» – райхъусын кодта Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр.
Маргус Цахкы дзырдæй, Венгрийы позици Украинайы фæдыл уымæн æмбаргæ аргумент нæу.
«Махæн Венгрийы фарсы позицийыл æмбаринаг аргумент нæу. Ис нын санкциты пакет æмæ нæй гæнæн сраст кæнын ууыл блок сæвæрын. Нæй аргументтæ стыр уынафæтыл блок сæвæрынæн, фæлæ мæм ис ныфс, цæмæй консессусмæ æрцæудзыстæм», – райхъусын кодта Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр.