Эстони «Астразенекайы» вакцинæйы 900 мин дозæ, æндæр бæстæтæн, сæ нымæцы Хурыскæсæн партнерады уæнг бæстæнæ адæтдзæн
Эстони коронавирусы ныхмæ «Астразенекайы» вакцинæйы 900 мин дозæ, æндæр бæстæтæн , сæ нымæцы Хурыскæсæн партнерады уæнг бæстæнæ адæтдзæн.
Уый фæдыл пресс-конференцийыл премьер-министр Кайя Калас райхъусын кодта.
Премьеры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Эстони вакцинæйы уæлдай дозæтæ уыцы бæстæтæн ратдзæн, кæцытæн вакцинæтæ нæ фаг кæны кæнæ та кæцытæ вакцинæ нырыонг нырма нæ райстой.
Вакцинæйы æндæр бæстæтæн адæттыны фæдыл уынаффæ Эстони уый тыххæй рахаста, ома хъæугæйæ фылдæр бæрц дозæ сæм уыд рахаст.
Эстони «Астразенекайы» дозæтæ æндæр æмæ ндæр бæстæйæн, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы программæ «Коваксы» фæрцы адæтдзæн, Хурыскæсæн партнерады бæстæтæн та комокммæ рахицæн кæндзæн.