Эргнеты уагъд цæуы инцидентты маруадзыны æмæ сы реагиргæнæг къордты кусæн фембæлд
Арчил Татунашвилийы мардыл цы тæрхонон-медицинон экспертизæ сырæзт, уый хатдзæг у абон Эргнеты цæугæ фембæлды сæйраг фарст. Гуырдзиаг фарс оккупацигонд Цхинвалы де-факто редимы минæвæрттæн, Самхараулийы номыл экспертизæйы хатдзæг бавдыста.
Де-факто редимы минæвæрттæн нырид уыцы конкретон зиæнтты тыххæй æмбарынгæнæнтæ раттын бахъæудзæн, кæцыты Самхараулийы экспертизæйы хатдзæгы у æвдыст æмæ комкоммæ амоны Татунашвилийы хъизæмары фактыл.
Фембæлдыл гуырдзиаг фарс тызмæг бавдыста Татунашвилийы хуылфы оргæнты радæттынны фарст. Уый фæдыл фембæлды размæ палдзахадон æдадсзинады куысты аналитикъон департаменты къухдариуæггæнæджы хæдивæг, Ираклий Антадзе фæныхас кодта.
Инцидентты маруадзыны æмæ сыл реагиркæнынады къордты раззаг фембæлдыл, де-факто режим оргæнты радæттыныл конкретон дзуапп нæ ратта.
«Оккупацигонд Цхинвалы минæвæрттæ оргæнты радæттыны тыххæй раззаг фембæлдыл нæйы нæ загътой. Ацы фарстыл сæ дзуаппмæ абон æнхъæлмæ кæсæм. Сæйраг фарст Арчил Татунашвилийы хуъыддаг у. Фараст фарста уыдзæн абон бакаст. Уый нымæцы иуæй-иу оккупацигонд Ахалгоры фæмардуæвæг Давит Башарулийы хъуыддаг уыдзæн. Афтæдæр фæныхас кæндзыстæм Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæзакъонон ахстыты фактытыл»- райхъусын кодта фембæлды размæ Ираклий Антадзе.
Абоны фембæлдыл ныхас уыдзæн оккупацион режимы æрдгæй а.х. зынгсирвæзты ныхмæ уæрмтæ кæй скъахта, кæцыйы Гуырдзыстоны централон хицауад ссаргъ кодта, куыд демаркацион куыстыты дарддæрдзуйæ. Афтæдæр ныхас баххæссæдзн Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæзакъонон ахсты фактытæм.