Эргнеты инцидентты ма 'руадзыны æмæ сыл реагиргæнæг механизмы фæлгæтты фембæлд сырæзт
Эргнеты ацыд инцидентты ма ‘руадзыны æмæ сыл реагиргæнæг механизмы фæлгæтты фембæлд, кæцы фондз сахаты аххæссыд. Æртæмæййон паузæйы фæстæ уагъд фембæлд оккупацигонд Цхинвалы минæвар Егор Кочиев æнæкомментарийæ ныууагъдта. Евроцæдисы минæвар фембæлды цатырмæ бацæуыны фадат журналисттæн æрмæст уый фæстæ ратта, оккупацигонд Цхинвалы минæвæрттæ фембæлдæй куы араст сты. Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды фарста, кæцы Эргнеты 14 сентябры фембæлды фæкъуыхцыйы аххосæйссис, абоны фембæлдыл нæ бавдыстæуыд. Æркæсинаг 11 фарстайы æхсæн уыдис АРчил Татунашвилийы марындзинады хъуыддаг, афтæдæр оккупацигонд Ахалгоры æнæбæрæг уавæрты мард Давит Башарулийы хъуыддаг. Фембæлдыл æркастысты уыцы проблемæтæ, кæцытæ оккупацион хаххы быннæттон цæрджыты хъыгдарынц.
«Æркастыстæм раззаг фембæлдæй абоны онг уæвæг алы инцидент, кæцы тас хæссы бынатыл æдасдзинадæн. Сæрмагонд хъусдард сцырын кодтам Татунашвилийы æбуалгъ марындзинады фактыл. Фæныхас кодтам Давит Башарулийы хъуыддагыл. Афтæма бавдыстам Ахалгоры æмбæстагон активист Тамар Меарахъишвилийы сурыны фарста æмæ басидтыстæм æхсæнадæмон организацитæм, хъусдард равдисынмæ. ДЗырд баххæссыд æнæзакъонон ахсты фактытæм.
Абоны фембæлдыл Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды фарста нæ уыд боны фæткъы. Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъд у парламенты райст политикон акт. Ацы форматы политикон фарстатæ не ркæсæм. Алыхатт ацы фарста куы бавдыстам, уæд иу кæддæриддæр бацамонæм цæмæй фембæлдты ацы формат арызт у деполитизацигонд фарстаты æркæсынæн. Ай нæу формат, цæмæй исчи спекуляцитæ райдайа» – райхъусын кодта фембæлды фæуды фæстæ паддзахадон æдасдзинады куысты аналитикон департаменты хистæры хæдивæг ИРаклий Антадзе.
Эргнеты фæстаг фембæлдæй абоны онг оккупацион хаххы цур, Гуырдзыстоны 12 æмбæстагы æрцахстой.