Инцидентты маруадзыны æмæ реагиркæныны механизмты корды радон фембæлд цæуы Эргнеты. Фембæлдыл фарсытæ фæстаг дыууæ мæййы дæргъы оккупацион хаххы цур уæвæг уавæр æркæсдзысты.
Гуырдзыстоны централон хицапуад Никозы хъæуы, афтæма Хурвалет æмæ Атъоцы дæр уырыссаг æфсæддæттæ æнæзакононæй цы архайынц, уый спротест кæндзæн.
Паддзахадон æдасдзинады куысты аналитикон хайады къухдариуæггæнæгы хæдивæг, Ираклий Антадзе Эргнеты фембæлды размæ куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ фембæлдыл, ноджы иу хатт æркурдзысты оккупацион тыхтæ æнæзакъононæй Гуырдзыстоны кæцы æмбæстæгты æрцахстой, уыдоны ссæрибар кæнын.
«Æркæсинаг фарстаты æхсæн приоритетон у æдасдзинады уавæримæ баст фарстатæ, кæцы бæрæг архæйдтыты тыххæй стыр зиан баййæфтой. Ацы контексты сæйраг акцент арызт цæуы æнæзаконон ахсты уæвæг нæ æмбæстæгты ссæрибар кæныныл. Фæныхас кæндзыстæм æнæзаконон бордеризацийы факттыл æмæ алы фæдылдзог процесстыл, кæцы проблемæтæ æвзæрын кæны бынæттон цæрджытæн сæрибарæй змæлды æрдгæй. Абоны фембæлдыл бавдисдзыстæм Ахалгоры цæрæг æмбæстагон активисты, Тамар Меарахъишвилийы сурыны фарста, кæцыйы нырид цалдæр аз у, æнæбындур аххосæгтæй сурынц. Фæнысангонд фарста бирæ хæтты айзæлдис, куыд ацы форматы, афтæ Женевæйы бадзырдты форматы. Æнæзакъонон ахсты уæвæг нæ æмбæстæгты уавæры тыххæй куы зæгъæм, уæд абон нæм уыдзæн фадат, байхъусæм сæ æнæниздзинады уавæры æмæ дарддæры процессты фæдыл информаци. А.х. тæрхонон процессты фæдыл информаци нæм нæй», – захта Ираклий Антадзе.