Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты фæлгæтты фембæлд
Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмтыл кусæг кордты радон фембæлд. ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæгы Ираклий Антадзейы фидиуæнæй, фембæлдыл фарсытæ оккупацион хаххы цур уæвæг уавæрыл тæрхон кæнынц. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ сæйраг фарста уыдзæн æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын.
Уыйимæ, Ираклий Антадзе журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, фембæлдыл ныхас уыдзæн æнæзаконон бордеризацийы процессмæ.
«Фембæлдыл æркæсдзыстæм алцы инцидентмæ, кæцы фæстаг дыууæ мæйы дæргъы оккупацион хаххы цур æрцыд. Афтæма сæйраг фарста уыдзæн æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын. Фарстыл, ныххатыр кæндзæн æви нæ Гаглойты Алан æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, уый фæдыл информаци мæм нæй. Кæй зæгъын æй хæъуы, спротест кæндзыстæм æнæзаконон бордеризацийы процесс, кæцы активон фазæйыы ис, сæрмагондæй та Гуры æмæ Карелы муниципалитетты дæргъмæ оккупацион хаххыл. Мах алцыппæт аразæм, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæ æнæзаконон ахсты сты, сæрмагонд бинонтæм æрыздæхæд», – райхъусын кодта Ираклий Антадзе.