Энтони Блинкен Сомихыстон æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты æхсæн фембæлд хоны позитивон къахдзæфæй
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен Сомихыстон æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты æхсæн зноны фембæлды кой кæны æмæ йæ позитивон къахдзæфæй хоны. Уый фæдыл Энтони Блинкен фыссы социалон хызаг «Твиттеры».
«Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министр Джейхун Байрамов æмæ Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Арарат Мирзоян позитивон къахдзæф сарызтой Тбилисы фембæлдæй. Комкоммæ диалог у сеппæтæй уырнинаг фæндаг Азербайджан æмæ Сомихытсоны æхсæн æнæразыдзинад алыг кæнынæн», – фыссы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен социалон хызаг «Твиттеры».