Энтони Блинкен – мах æнæрмæст  равдыстам нæ  хъынцъм Гуырдзыстоны «фæсарæйнаг агентты фæдыл» закъоны тыххæй, фæлæ ма афтæдæр мадзæлттæ скодтам  ацы  зæрдæхсайд равдисынæн, æнхъæл дæн ноджы ма фылдæр фендзыстут
Энтони Блинкен – мах æнæрмæст равдыстам нæ хъынцъм Гуырдзыстоны «фæсарæйнаг агентты фæдыл» закъоны тыххæй, фæлæ ма афтæдæр мадзæлттæ скодтам ацы зæрдæхсайд равдисынæн, æнхъæл дæн ноджы ма фылдæр фендзыстут

Мах  æмæ  бирæ æндæр бæстæтæ   æнæрмæст  равдыстам сагъæс  закъоны райсты фæдыл фæлæ ма   мадзæлттæ скодтам  ацы  сагъæсы  равдисынæн, мæ хъуыдымæ гæсгæ,  ноджы  фылдæр  дæр фендзыстут – уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар, Энтони Блинкен, «Фæсарæйнаг æргомдзинады фæдыл» Гуырдзыстоны ист закъоны  тыххæй  райхуъсын кодта.

Блнкен  хайад райста  Брукингсы  институты  дискуссийы  темæйыл –  АИШ-ы  æддагон политикæ.  Дискуссийыл   АИШ-ы паддзахадон нымæрдары  бафарстой  Гуырдзстоны тыххæй, сæрмагондæй та,  фидæн парламентон æвзæрстытыл, «фæсарæйна æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй æмæ  æмтгæй  зæгъгæйæ, Хуссар Кавказы тыххæй. Блинкены бафарстой зæгъгæ  цавæр у  цæстæнгас  ацы  регионы   глобалон тыхты интересты фæдыл.

«Сымах тынг раст банысан кодтат  егъау  фемзмæлдты тыххæй  регионы. Махæн ис тынг серьозон  сагъæстæ, фæлæ  ма нын афтæдæр ис   реало фадæттæ.  Сымах банысан кодтат» фæсарæйна агентты фæдыл»  закъон Гуырдзыстны. Мах æмæ бирæ æндæр бæстæ æнæрмæст  равдыстам нæ арф сагъæс уый тыххæй, сæрмагондæй  та  йæ райсты  тыххæй, фæлæ ма  афтææр мадзæлттæ скодтам нæ  сагъæстæ равдисынæн. Æнхъæл дæн ноджы  фылдæр  фендзыстут. Уый бæрæг у. Хъуыды кæнын, уый  йæ ныхмæ  у  Гуырдзыстоны Европаг æрдæмадæн, кæцы  Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы фылдæры хайы фæнды. Афтæмæй, махæн бæрæг сты  ацы  расидтытæ, уый нымæцы Гуырдзыстоны. Афтæдæр тынг фокусиргонд  стæм бæрæг  фадæттыл æмæ ацы  фадæттæ реалон сты» – айхъусын кодта Энтони Блинкен.