Энтони Блинкен Иран æмæ Израилмæ эскалаци маруадзынмæ, «Хамасы» ног лидермæ та бадзырдтæ сæнæмæт кæнынмæ æрсидтис
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Энтони Блинкен Иран æмæ Израилмæ эскалаци маруадзынмæ, æрмæст «Хамасы» ног лидермæ та бадзырдтæм рацæуынмæ æрсидтис. Йæ дзырдæй, зæгъгæ Иран æмæ Израил хъуамæ сæхи бахизой Æввахс Скæсæны конфликты эскалацийæ.
«Мачи хъуамæ фæкарз кæна конфликт. Мах уадзæм интенсивон дипломатон куыст æмцæдисонтимæ æмæ партнертимæ иумæ, хæццæ кæнæм ацы хъуыды комкоммæ Иранмæ. Мах ацы æрвитæггæгтæ афтæма фæхæццæ кодтам Израилмæ дæр. Дарддæры бырстытæ æрмæст рæзын кæнынц тæссаг фæстиуджыты азар, кæцыты прогноз саразын никæмæн у йæ бон æмæ контролы хъом дæр ничи у. Æнæмæнг хъæугæ у регионы алчи саргъ кæна уавæрæн, æрымбарой рæдыды риск æмæ райсой уынаффæтæ, кæцытæ æндыгъддзинад ифтыгъд уадздзæн ныттынггонд уавæр», – райхъусын кодта Блинкен.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар афтæдæр сдзуапп кодта «Хамасы» политикон базыры ног лидерæй Яхья Синвары снысан кæнынæн. Блинкены дзырдæй, Синварæн йæ бон у Газæйы секторы æхст фæурæды фæдыл бадзырд сæнæмæт кæнын.
Афтæма йæ дзырдæй, Газæйы секторæй Израилаг уацайрæгты ссæрибары фæдыл бадзырдтæ «Хамасы» лидер Исмаил Ханьяйы марындзинадмæ нæкæсгæ, дарддæр кæны æмæ финалон стадийы ис.
Уæдмæ «Таймс оф Исраэл» куыд фыста, афтæмæй уацайрæгты ссæрибары фæдыл бадзырдтæ урæд сты æмæ стæй хъуамæ ранæуæг уа, Иран «Хамасы» лидер Исмаил Ханьяйы марындзинады дзуаппон къахдзæфтыл уынаффæ куы рахæсдзæн, æрмæст «Хамас» ног лидеры сывзардзæн.
Бæрæгдзырдæн, Иран «Хамасы» лидер Исмаил Ханьяйы марындзинады Израилы зылынджын кæны æмæ æнæфевгъуыйигæ дзуаппæй æртхъирæн кæны. Израилмæ «Хесболайы» æфсæддон бæрзонд гæс Фуад Шукрийы марындзинады тыххæй маст сисынæй æртхъирæн кæны Ливаны архайæг къорды лидер Хасан Насрала дæр.