Йенс Столтенберг Владимир Путинмæ æрсидтис Украинайы хæст æнæаргъæвгæйæ кæрон скæнынмæ
НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг уæлахиздзинады бонмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы президентмæ баздæхт, Украинайы хæйст æнæаргъæвгæйæ кæрон скæныны фæдыл куырдиатæй.
Немыцаг рауагъдад «Дие Вельтимæ» ныхасы рæстæджы, Йенс Столтенберг райхъусын кодта, цææмй путин гарзджын тыхтæ Украинайæ хъуамæ ракæна æмæ сабырадон бадзырдтæ райдайæт.
«Хъæддых лæууæм Украинай фарсмæ æмæ адарддæр кæндзыстæм бæстæйæн æххуыс, кæцы йæ хæцы иргъæфыл сæрмагонд барылтыххæй»- банысан кодта генералон нымæрдар.
Столтенбергы дзырдæй, 9 майы дзырдæй сидт Уæрæсейы президент регуляронæй пайда кæны Ныгуылæны фæдыл гæдыдзинады апарахат кæнынæн æмæ НАТО-ы скритикæ кæнынæн.
«Æнхъæлмæ кæсын, цæмæй Путин ноджы иу хатт, ацы аз 9 майы ахæлиу кæндзæн гæдыдзинад НАТО-ы æмæ æнæхъæнæй ныгуылæны фæдыл» – райхъусын кодта генералон нымæрдар.