Йенс Столтенберг -  уынæм  Уæрæсейы агрессивон  архæйдтытæ Украина æмæ Гуырдзыстоны, афтæдæр  киберлæбурдтытæ  æмæ  фæмаргджын кæныны цаутæ, растдæр уый тыххæй  фæфыддæрдæр сты ахастытæ
Йенс Столтенберг - уынæм Уæрæсейы агрессивон архæйдтытæ Украина æмæ Гуырдзыстоны, афтæдæр киберлæбурдтытæ æмæ фæмаргджын кæныны цаутæ, растдæр уый тыххæй фæфыддæрдæр сты ахастытæ

Уынæм  Уæрæсейы агрессивон  архæйдтытæ сыхæгты ныхмæ, Украина æмæ Гуырдзыстоны, афтæдæр  киберлæбурдтытæ  æмæ  фæмаргджын кæныны цаутæ.  Растдæр уый тыххæй  фæфыддæрдæр сты ахастытæ, –  уый тыххæй  райхъусын кодта НАТО-ы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг, цæгат-атлантикон альянсы  саммиты  байгомы рæстæджы.

Йенс Столтенбергы дзырдæй,   зæгъгæ НАТО æмæ  Уæрæсейы  ахастытæ  историонæй   ныллæг  нысаныл лæууынц, фæлæ альянсы  фæнды Уæрæсеимæ диалог адарддæр кæнын.

НАТО-ы  генералон нымæрдары фидиуæнæй.  Саммит  альянсæн  скуыддзаггæнæг  моменты  цæуы уагъд æмæ  абон   транс-атлантикон  ахастыты  этап райдайдзæн.

Йенс Стлтенбергы фидиуæнæй,  зæгъгæ альянсы уæнгтæ  афтæдæр æркæсдзысты Китаимæ ахастытæ, кæцы НАТО-ы  æдасдзинадæн æнтхъирæнтæ æвзæрын кæны.

Столтенберг ма афтæдæр банысан кодта,  цæмæй НАТО-ы  лидертæ  сфидар кæндзысты альянсы  амбицион  бонвæтк- НАТО 2030, кæцы баххæсдзæнис коллективон  иргъæфы  æмæ  технологион æрдæмадтæ  стынг кæнынмæ.