Йенс Столтенберг - Уæрæсе раджыдæр спайда кодта æфсæддон тыхæй йæ сыхæгты, Украина æмæ Гуырдзыстоны æмæ æндæрты ныхмæ, уый тыххæй дæр тас реалон у
Уæрæсе раджыдæр спайда кодта æфсæддон тыхæй йæ сыхæгты, Украина æмæ Гуырдзыстоны ныхмæ, уый тыххæй дæр тас у реалон æмæ æнæмæнгхъæугæ у диалогмæ баиу кæнын, – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг канадайаг телкомпани «Сибисиимæ» интервьюйы загъта.
Цæгатлантикон альянсы къухдариуæггæнæджы дзырдæй, диалогмæ баиу кæнынæн политикон рацæуæн бацагурын у йæ нысан, фæлæ альянс цæттæ хъуамæ уа, ома Уæрæсе гæнæн ис, ноджы спайда кæна æфсæддон тыхæй, кæцыйы фæстиугææн ист уыдзысты карз политикон æмæ экономикон санкцитæ.
Столтенберг афтæдæр банысан кодта, цæмæй иунæг агрессор у Уæрæсе, кæцы оккупаци скодта Украинайы территори Хъырым, æххуыс кæны Донбасы сепаратисттæн æмæ сыххæст кодта масштабон киберлæбурдтытæ Украинайы ныхмæ.
Столтенбергы фидиуæнæй, альянс цæттæ у Уæрæсеимæ диалог адарддæр кæнынмæ, фæлæ йæ сæйраг принциптыл нæйы нæ зæгъдзæн.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, не сразыуыдзыстæм, цæмæй НАТО-йы æфсæддæ нын ма хъуамæ уа алы уыцы бæстæйы, кæцытæ НАТО-йы уæнгтæ сты 1997-æм азæй. Уый нысан кæнид, ома нæ уæнгты æрдæг НАТО-йы æфсад нæ хъахъхъæндзæн. Уæд уыдон суыдзысты НАТО-йы дыккаг классы уæнгтæ. Мах уый никуы бауадздзыстæм», – банысан кодта Столтенберг.