Йенс Столтенберг - Саломэ Зурабишвилиимæ нын хорз ныхас уыд телефонæй, равдысторн йын мæ райгонндидзинад политикон тыхты æхсæн бадзырдæй
НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ ныхасы тыххæй фыссы. Цæгат атлантикон альянсы къухдариуæггæнæг Гуырдзыстоны политикон тыхты æхсæн фидыдæй райгонд у.
«Саломэ Зурабишвилиимæ нын хорз ныхас уыд телефонæй. Равдыстон йын мæ райгонддзинад Гуырдзыстон политикон тыхты æхсæн фидыды тыххæй. Æркастыстæм Сау Денджызы регионы æдасдзинад æмæ нæ иумæйаг мæт Уæрæсейы æфсæддон тыхты райрæзын кæныны тыххæй. Стæй йын раарфæ кодтон Афгъанистаны нæ миссийæн иузæрдыгдзинады тыххæй» фыссы Йенс Столтеньберг социалон хызаг «Твиттеры».