Йенс Столтенберг  ныфс  дары, цæмæй  Украина  альянсмæ  фæдылдзог дæс азы мидæг баиу уыдзæн
Йенс Столтенберг ныфс дары, цæмæй Украина альянсмæ фæдылдзог дæс азы мидæг баиу уыдзæн

НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг   ныф  дары, цæмæй  Украина хъахъхъæды альянсмæ  фæдылдзог дæс  азы  дæргъы  баиу уыдзæн.   Уый фæдыл Столтенберг  агентад DPA-имæ интервьюйы  райхъусын кодта.

Столтенбергы  бафарстой  фæдылдзог  дæс  азы мидæг   альянсы гæнæн ауæрæхы  фæдыл.

«Стыр ныфс мæ ис, цæмæй  Украина  суыдзæн  æмцæдисон», – райхъусын кодта  Столтенберг.

«Цас   тыхджындæр уыдзæн нæ  фарсхæцынад,  уый йас тагъддæр ис  гæнæн фæуа ацы хæст.  Дæргъвæтин перспективæйы  цас фылдæр бæрн сисдзыстæм нæхиуыл, уый йас  тагъддæр  ис гæнæн фæуа  хæст», – райхъусын кодта  Столтенберг.