Йенс Столтенберг -  НАТО-ы æмцæдисонтæ  сифтонг кæндзысты Гуырдзыстонæн фарсхæцын, Гуырдзыстон  нын у æнгом  партнер
Йенс Столтенберг - НАТО-ы æмцæдисонтæ сифтонг кæндзысты Гуырдзыстонæн фарсхæцын, Гуырдзыстон нын у æнгом партнер

Хъуамæ адарддæр кæнæм нæ политикон   партнерад, æмгуыстад æмæ  диалог уыцы бæстæтимæ, кæцытæ лæууынц  Уæрæсейы бырсты  тасы раз, Гуырдзыстон ахæм бæстæтæй  сæ иу у –  уый фæдыл НАТО-ы  генералон  нымæрдар, Йенс Столтенберг  Берлины, æддæ политикæйы форумыл райхъусын кодта.

Гуырдзыстонæн фарсхæцыны  контексты альянсы генералон нымæрдар  реформæты  сыххаст æмгуыстады  нысаниуæг бахахх  кодта.

«Ууыл   хайгай политикон,  хайгай та  æфсæддон реагиркæнынад ис.  Хъуамæ  стыхджын кæнæм   политикон партнерад, æмкуысткæнынады  æмæ  диалог   уыцы  бæстæтимæ, кæцы  Уæрæсейы  бырсты  рискы  раз лæууынц. Гуырдзыстон иуæй-иу ахæм бæстæ у.  Уæрæсе   нырид  контрол кæны  Гуырдзыстоны  территориты  хай. Уый афтæдæр æххæссы  ног   фæрæзты  стынг кæнынмæ,  ахуыртæм æмæ æндæр æмæ æндæр  типы æххуысмæ.  НАТО-ы  æмцæдисонтæ  сифтонг кæндзысты  Гуырдзыстонæн фарсхæцын æмæ Гуырдзыстон  у æнгом партнер  махæн.  Æмцæдисонтæ  æрныхас кодтой, фылдæр саразыны фæдыл, кæцы сæрмагондæй Украинамæ бруталон  бырсты фоныл,   хахх кæны  Гуырдзыстоны хуызæн бæстæтимæ  активондæр  кусыны  нысаниуæг.

Афтæма,   хъуыды кæнын, уый  æххæссы  Гуырдзыстоны æрдгæй  æнæмæнгхъæугæ  реформæты сыххæстмæ æмæ  уыцы   иуæй-иу  фарста алыг кæнынмæ, цахæмдæр  у  коррупцийы æмæ æдасдзинады  институциты  демократон контрол.  Цас фылдæр аскуыдздаг кæндзæн  ацы проблемæтæ Гуырдзыстон, уый йас фылдæр уыдзæн  æнæмæнгхъæугæ  мобилизаци  НАТО-ы  æмцæдисонтæй», –   райхъусын кодта  Столтенберг.