Йенс Столтенберг – НАТО кæсы Гуырдзыстонимæ бирæ къуындæгдæр æмгуыстады фæрæзты фарст
Йенс Столтенберг – НАТО кæсы Гуырдзыстонимæ бирæ къуындæгдæр æмгуыстады фæрæзты фарст

НАТО-йы  министериалыл  аспирант бæстæтæн фарсхæцыныл  фæтæрхон кæндзысты.  Уый фæдыл  цæгат-атлантикон  альянсы   генералон нымæрдар Йенс Столтенберг,  Брюсселы уагъд   пресс-конференцийыл  фехъусын кодта.

Йенс Столтенбергы  ныхæстæм гæсгæ,  альянсы   уæнг бæстæты  фæсарæн хъуыддæгты  министртæ  ацы фарстыл  æртыццæджы фæныхас кæндзысты.

«Министериал  фæуыдзæн  НАТО-йы  гом дуары  политикъæйыл  уынаффæйæ.  Монтенегройы  альянсмæ райстæй куыд фæбæрæг афтæмæй,    альянсы уæнгсуæвын гæнæн ис уыцы  бæстæтæн,  кæцытæм ис реалон прогресс  реформæты æмæ модернизацийы  процессы.  Афтæмæй  мах  фæныхас кæндзыстæм  ууыл, куыд   хъуамæ баххуыс кæнæм   аспирант  бæстæтæн, кæцыты фæнды нæ иумæйаг æдадсзинады æмæ аргъдзинæдты  æхсæнады уæнгсуæвын» –  загъта Столтенберг.

Генералон нымæрдар  æртыццæгмæ плангонд  НАТО-Гуырдзыстоны камисы  кабаты кой ракодта. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстон альянсы  иуæй-иу   сегасæй  хæстæгдæр партнер у зæгъгæ.

«НАТО-йы  архайадон пакеты  фæлгæтты мах иумæ  кусæм ахæм  фарстытыл, цахæмдæр сты   кибер-æдадсзинад æмæ операциты планкæнын.  Афтæдæр мах  иуæймаг  ахуырадон центры  æмæ альянсы  финансгонд   хæдиргъæфы  институтты  тынгады  скъолайы  фæлгæтты.  Ацы скъолайы  ахуыр  ацыдысты   иу мины студенты.  Рабадты кæрон  мах æркæсдзыстæм  Гуырдзыстонимæ бирæ къуындæгдæр æмгуыстады  фæрæзтæ,  дæнцæн  Сау Денджызы  æдадсзинады æрдгæй»- расидтис Йенс Столтенберг.

НАТО-йы  фæсарæн хъуыддæгты министериал Брюсселы сом байгом уыдзæн.  НАТО-Гуырдзыстоны камисы  рабадт  та уагъд æрцæудзæн æртыцццæджы.