Йенс Столтенберг – НАТО-йы æмцæдисонтæ Брюсселы саммитыл аргъ скæндзысты Гуырдзыстоны прогрессæн
Цæгат-атлантикон альянс июлы плангонд Брюсселы саммитыл Гуырдзыстоны прогрессы æнæмæнгæй банысан кæндзæн – уый фæдыл фидиуæны НАТО-йы генералон нымæрдар Варшавæйы парламентон ассамблейыл гуырдзиаг депутат Ираклий Бераиайы фарстайы дзуаппæй загъта.
Ираклий Бераиа Стонтенбергы фарста, цæмæй зæгъгæ цæмæ гæнæн ис банхъæлмæ кæса Гуырдзыстон НАТО-йы Брюсселы саммитыл.
«Фыццаджы дæр, мах адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстонæн практикон æххуыс. Гуырдзыстонмæ ис фадат, суа альянсы уæнг. Гуырдзыстонмæ ис афæдзон архайадон план. Афтæдæр функци кæны НАТО-Гуырдзыстоны камис. Уыйимæ иумæ, фæнды мæ зæгъыгн, цæмæй уæнгдзинады архайадон план у Гуырдзыстоны цæгат-атлантикон альянсы уæнгсуæвыны процессы бындурон хай. Мах нырма конкретонæй самиты формат æмæ элементтæ не сбæлвырд кодтам, фæлæ уырнæг дæн æмцæдисонтæ ссардзысты амæлттæ, цæмæй банысан кæной æмæ аргъ скæной Гуырдзыстоны размæцыдæн æмæ сæ зæрдæрухс ахаст равдисой ацы бæстæйæн контрибуцийы тыххæй, кæцыйы Гуырдзыстон æххæст кæны сабырадон операциты, сæрмагондæй та Афгъанистаны. Гуырдзыстон у иуæй-иу сеппæтæй ставддæр контрибутор» – райхъусын кодта НАТО-йы генералон нымæрдар.