Йенс Столтенберг – МАР-æй цух Украинайы гæнæн уæнгсуæвыныл консультацитæ цæуынц, уырнæг дæн, Украинайы тыххæй саммитыл фидар сигнал нын уыдзæн
Уæнгдзинады архайадон планы (МАР) цух Украинайы гæнæн уæнгсуæвыны фæдыл консультацитæ цæуынц, æппынфæстаг уынаффæ ист нæу, фæлæ уырнæг дæн, саммитыл уыдзæн иудзинад æмæ фидар сигнал Украинайы тыххæй, – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Лиетувæйы президент Гитанас Науседаимæ иумæйаг пресс-конфренцийыл райхъусын кодта.
Йенс Столтенбергы бафарстой Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулебайы фидиуæны тыххæй, кæцымæ гæсгæйæ «НАТО-йы уæнг бæстæтæ дискусситы фæстиуæгæн æрныхас кодтой, Украинайы цауы МАР-ы алæвæрды этап аивыны фæдыл æмæ ай дзæбæх момент у, цæмæй рухс бахæссæм альянсмæ Украинайы хуынды фæдыл. Уæ бон у фылдæр деталтæ нын зæгъат цы этапыл ис ерын бадзырдты процесс» .
«Ослойы, æнæформалон министериалыл бавдыстон пакет, кæцы уыдис æртæ элементæй. Фыццаг уыд уый, цæмæй уыдаит практикон æххуысы программæ, æрцыдтаит Украина æмæ НАТО-йы тыхты æххæстæй æмбынатиндзинад, кæцы æрыввахс кæндзæн Украинайы НАТО-имæ. Дыккаг уыд, НАТО-Украинайы советы саразын, æрмæст æртыккаг элемент та уыд МАР-ы домæны сисын, кæцы Украинайы уæнгсуæвыны процесс, дыууæэтапы бæсты, иуэтапджынæй скодтаит. Ныр мах кæсæм ацы пакеты, ацы элементты æмæ архайæм, æрныха скæнын конкретон формулировкæйыл. Деталтæ нæ радзурдзынæн, фæлæ æхсызгон у, цæмæй ацы пакеты алыварс кусæм. Укырайнæг дæн, дзæбæх позитивон æмæ фидар сигнал нын уыдзæн, лидертæ куы æрымбырд уыдзысты уæд», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.