Йенс Столтенберг -  Мадриды саммит уыдзæн скуыддзаггæнæг, æрныхас кæндзыстæм ног  стратегион концепцийыл, кæцы уыдзæн  НАТО-йы  программæ бирæ тæссагдæр æмæ прогноз сразын гæнæн цæмæн нæй  ахæм дунейы
Йенс Столтенберг - Мадриды саммит уыдзæн скуыддзаггæнæг, æрныхас кæндзыстæм ног стратегион концепцийыл, кæцы уыдзæн НАТО-йы программæ бирæ тæссагдæр æмæ прогноз сразын гæнæн цæмæн нæй ахæм дунейы

Æрныхас кæндзыстæм  æппæтылæххæссæг  æххуысы  пакеты  Украинайæн, цæмæй  йын  баххуыс уæм  хæдиргъæфы барбахъахъхъæды, – уый фæдыл НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг, мадриды, испанийы  премьер-министр Педро Санчесимæ  иумæйаг  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

Йенс Столтенберг  куыд банысан кодта афтæмæй,  Мадриды  тынг нысаниуæгджын  саммит ацæудзæн.

«Мадриды саммиты уыдзæн скуыддзаггæнæг.  Æрныхас кæндзыстæм, ног стратегион концепцийыл, кæцы уыдзæн НАТО-йы программæ, бирæ тæссагдæр  æмæ прогноз сразын гæнæн цæмæн нæй,  ахæм дунейы.   Æрныхас кæндзыстæм фундаментонæй   ног æгъдауыл рацарæзтыл,  фæурæды  æмæ  хъахъхъæнынады æрдгæй, хуыздæр цæттæйæ  тыхтыл, фылдæр  хотыхтыл.  Æрныхас кæндзыстæм  æппæтылæххæссæг  æххуысы пакеты Украинайæн, цæмæй баххуыс уæм хæдиргъæфы бар бахъахъхъæды.  Сæрмагондæй  нысаниуæгджын у, цæмæй цæттæ стæм адарддæр кæнæм  фарсхæцын,  уымæн æмæ   Украина лæууы  сырдондзинады раз, кæцы мах никуы  федтам Европæйы  дыккаг дунеон хæсты фæстæ.  Афтæма  ныфс дарæм, цæмæй  уыдзæн прогресс Финлянди æмæ  Швецийы  уæнгсуæвыны фарстайы. Афтæма райхъусын кæндзыстæм, ц æмæй  нын уа  хъахъхъæнынады фадат фылдæр тæссаг  дунейы, фылдæр инвестици хъуамæ нывæрæм   нæ  хъахъхъæнынады», – райхъусын кодта Столтенберг.