Йенс Столтенберг – хæсты тыххæй нысаниуæгджындæрссис партнерад, фембæлдзыстæм Украинайы, Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйы фæсарæн хуъыддæгты министртимæ фарсыл хæцын стыхджын кæныны тыххæй
Йенс Столтенберг – хæсты тыххæй нысаниуæгджындæрссис партнерад, фембæлдзыстæм Украинайы, Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйы фæсарæн хуъыддæгты министртимæ фарсыл хæцын стыхджын кæныны тыххæй

Нæ  партнертæ æдасæй  куы  уыдзысты, уæд мах дæр фылдæр хъахъхъæд уыдзыстæм –  уый фæдыл  НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг, Бухаресты  НАТО-йы  министериалы фæлгæтты  цæугæ  æхсæнаæдмон  конференцийыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Йенс Столтенберг афтæдæр фæныхас кодта Украинайы  цæугæ  хæстыл  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй альянс ма хъуамæ   бауадза, ацы хæсты  Уæрæсейы æнтыст.

«Путинæн фадат куы раттæм, фæуæлахиз уа, уæд мах алчи  бафиддзыстæм  бирæ бæрзонддæр аргъ  бирæ азты дæргъы, уымæн æмæ ахæм цауы,  Путин æмæ æндæр авторитарон    лидертæ  рахæсдзысты хатдзæг, ома сæ бон у   нысанмæ баххæссын æбуалгъ  тыхæй спайдайæ. Уый та сæ  удцырын скæндзæн фылдæр тыхæй  спайда кæнын, кæцы нæ бæстæйы бирæ тæссагдæр  скæндзæн æмæ   мах та  фылдæр æнæхъахъхъæд. Уый тыххæй  нæ  æдасдзинады  дæргъвæтин  интерестæм цæуы Украинайæн баххуыс кæнын.

Дæргъвæтин сабырдзинад  не рбынат кæндзæн, агресор куы фæуæлахиз уа уæд.  Дæргъвæтин  сабырдзинад нæ уыдзæн, кæд автократи, репресситæ фæуæлахиз уыдзысты  сæрибардзинад æмæ демократиимæ тохы.  Хонæм, цæмæй  хæстыты  фылдæр, бадзырдты фынгыл фæуд кæнынц, фæлæ цы æрцæудзæн бадзырдты  фынгы цур, уый комкоммæ баст у  хæсты быдыры айтынггонд фæзындтимæ. Уый тыххæй  дæргъвæтин   сабырдзинадæн  аууæлтæ  саразыныл  мах хъуамæ бакусæм, цæмæй Украинайæн уа æнтыст, куыд хæдбар æмæ суверенон  падлдзахад.  Хъуамæ  стынг кæнæм Украинайæн æфсæддон æххуыс.  Не æрвитæггаг у, НАТО Украинайы  фарсмæ  лæуудзæн,  цалынмæ хъæудзæн уæдмæ.  Фæстæмæ нæ алæудзыстæм»» – райхъусын кодта НАТО-ы генералон нымæрдар.

Афтæма йæ  дзырдæй,  Уæрæссейы  Украинайы ныхмæ хæсты тыххæй, НАТО йæ æндæр партнерты нæ ферох кодта, кæцытæ  Уæрæсейы æлхъывды æмæ агрессийы  раз лæууынц.

«Уæрæсейы Украинайы ныхмæ хæсты тыххæй, НАТО йæ æндæр партнерты нæ ферох кодта, кæцытæ  Уæрæсейы æлхъывды æмæ агрессийы  раз лæууынц. Уæлдайдæр, ацы  хæст ноджы  нысаниуæгджындæр скодта нæ  партнерад.   Растдæр уый тыххæй  НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Бухаресты фембæлдзысты  украианг коллегæимæ, афтæма Гуырдзыстоны, Молдовæйы, Босни-Герцоговинæйы фæсарæн ъуыддæгты министртимæ, цæмæй  сдзуапп кæнæм нæ раз уæвæг быцæусидтытæн  æмæ  стыхджын  кæнæм  нæ фарсхæцынад ацы бæстæты фидардзинадæн, политикон  хæдбарады æмæ сæ  гарзджын тыхты  модернизацийæн, цæмæй ацы бæстæтæ хуыздæр   бафæразой  хи иргъæвын.  Уыдон хузыдæр хъахъхъæд куы уыдзысты, уæд мах  дæр  уыдзыстæм фылдæр æдæрсгæйæ» –  райхъусын кодта НАТО-ы  генералон нымæрдар.