Йенс Столтенберг - Гуырдзыстоны территорийылуырыссаг æфсæддæтты уæвынад – Уæрæсейы æрдгæй сæххæст æнæзонд архæйдтыты рæхысы иуæй-иу цæг у
Гуырдзыстоны фæнды ныхмæ, ацы бæстæйы территорийыл уырыссаг æфсæддæтты уæвынад – Уæрæсейы æрдгæй сæххæст æнæзонд архæйдтыты рæхысы иуæй-иу цйæг у. Уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Брюсселы уагъд брифингыл.
Гуырдзыстоны дæнцы Столтенберг æрхаста Солсберийы уырыссаг рагысгарæгы фæхъæстæйы хъуыддагыл комментарийы рæстæджы.
Уый афтæдæр йæхъусдард раздæхта Уæрæсейы æрдгæй тыхты фæфидар кæныны æмæ ифтонггарзы модернизацийыл цы суммæтæ бахардз кодта. Стонтенбергы дзырдæй, Уæрæсе ног хæцæнгарз аразы æмæ æхсæнадæмон бадзырдтæ халы.