НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, Гуырдзыстоны ног президент Саломэ Зурабишвилийæн арфæ кæны президентæй æвзæрст кæй æрцыд уый.
Брюсселы абон уагъд пресс-конференцийыл Столтенбергы бафарстой Гуырдызстоны президентон æвзæрстыты фæдыл, æхсæнадæмон цæстбарджыты разагъд хъуыдыты тыххæй.
Столтенберг фарсты длзуаппæн куыд райхъусын кодта афтæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны президентон æвзæрстытæм НАТО цæстдарджытæ нæ арвыста, фæлæ НАТО-йы генералон нымæрдар хуъсын кæны, цæмæй æхсæнадæмон цæстдарджытæн æвзарæнон процессмæ цæстдарын уæгъдибар æмæ рæувадат уыд.
«Арфæ кæнын Гуырдзыстоны ног президентæн. Æвзæрстытæм мах цæстдарджытæ нæ арвыстам. ХЪуыды кæнын, цæмæй цæстдарджытæн æвзарæнон процессмæ цæст дарын уыд рæувадат æмæ сæ фиппаинæгты зæрдыл бадарын æнæмæнгхъæугæ у» – райхъусын кодта ЙЕнс Столтенберг.