Йенс Столтенберг – Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты ног министримæ дыууæфарсон фембæлд нын уыд, нысаниуæгджын у уа нын хæстæг контакт, активонæй тæрхон кæнæм куыд стынг кæнæм æмгуыстад
Æцæгдæр активонæй тæрхон кæнæм уый фæдыл, цæмæй куыд хъуамæ стыхджын кæнæм политикон æмæ практикон æмгуыстад Гуырдзыстоны тыххæй, – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Брюсселы министериалы фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Йенс Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ абон нын тынг дзæбæх бадзырдтæ уыд æмæ банысан кодта, цæмæй хæстæг контакт иттæг нысаниуæгджын у.
Уыимæ НАТО-ы генералон нымæрдары фидиуæнæй, стратегион концепцийы æрдгæй тынг бирæ цæуылдæр уыдзæн разыдзинад Мадриды, фæлæ НАТО-ы дуар гом у æмæ нысаниуæгджын у альянс хæстæг куса партнертимæ.
«Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министр хайад райста фембæлды абон æмæ тынг æхсызгон мын уыд уыимæ базонгæ, тынг дзæбæх бадзырдтæ нын уыд. Дыууæфарсон фембæлд ауагъдтам æмæ хъуыды кæнын, иттгæг нысаниуæгджын у уа нын хæстæг контакт, хæстæг бастдзинад Гуырдзыстонимæ æмæ Гуырдзыстоны ног фæсарæн хъуыддæгты министримæ. Уый хахх кæны Гуырдзыстоны æмæ НАТО-ы æхсæн партнерады нысаниуæг. Активон кусæм уыцы æрдæмадæй, æмæ нæ партнерад стынг кæнæм, дæнцæн уыцы пакеты стынг æмæ сфидар кæнынæй, кæцыйыл фæдыл æрныхас кодтам, фылдæр пункттæ йæм бафтауæм, дæнцæн коммуникациты, фæразондзинады æмæ киберæдасдзинады æрдæмадæй. Æцæгдæр активонæй тæрхон кæнæм уый тыххæй, цæмæй куыд хъуамæ стынг кæнæм политикон æмæ практикон æмгуыстад Гуырдзыстонæн. Стратегион концепцийы æрдæмадæй, тынг бирæ цæуылдæр æрныхас кодтам Мадриды,фæлæ æмцæдисонтæ дзурынц æм разы сты, цæмæй НАТО-ы дуар гом у æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй хæстæг бакусæм нæ партнертимæ, дæнцæн Гуырдзыстонимæ, кæцы æцæгдæр стыр æлхъывды бын ис Уæрæсейы æрдгæй. Афтæма нысаниуæгджын у, цæмæй æмгуыстад стынг кæнæм ацы партнерады æрдгæй,» – загхта Йенс Столтенберг.