Йенс Столтенберг - Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы уæнгæй суа æмæ уыцы процесс Уæрæсе нæ бауромдзæн
Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы уæнгæй суа æмæ уыцы процесс Уæрæсе нæ бауромдзæн. Суверенон паддзахадтæм хъуамæ уа фадат, сæхæдæг аскуыддзаг кæной цæмæй сæ цы фæндагæй цыд фæнды – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг райхъусын кодта.
Столтенберг куыд хъусын кæны уымæ гæсгæйæ, суверенон паддзахадтæ сæхæдæг хъуамæ бæрæг кæной, цæмæй сæ цы фæндагæй фæнды, бæстæйы фидæн аразын. Бæстæты цæгат-атлантикон альянсы уæнгсуæвыныл Уæрæсейæн æндæвдад ма хъуамæ уа. Йæ рацыды Столтенберг Гуырдзыстоны æмæ Украинайы фарстæтæм дæр баххæссыд. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ НАТО-ы роль у ахæм бæстæтæн баххуыс кæнын.
«Гуырдзыстоны фæнды, НАТО-ы уæнгæй суа æмæ уыцы процесс Уæрæсе нæ бауромдзæн. Суыдзæн æви нæ Гуырдзыстон НАТО-ы уæнг бæстæ, уый у Гуырдзыстоны æмæ цæгат-атлантикон альянсы аскуыддзаг кæнинаг, уымæн æмæ алцыппæт æндæр суверенон паддзахады суверенон барты хæлд уыдзæн. Уæрæсейы хъуыддаг нæу уый, цæмæй цы хъуамæ аскуыддзаг кæнга Гуырдзыстон. Уый у Гуырдзыстоны æмæ НАТО-ы цæдис. Уыдон цы сарызтой Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны, уый у суверенон, хæдбар паддзахады территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты халын, кæцы нæрайсгæ у» – хуъсын кæны Йенс Столтенберг.
НАТО-ы генералон нымæрдары фидиуæнæй, бæстæты демократон процесстæ уыдзысты скуыддзагагæнг, суыдзысты æви нæ уыдон НАТО-ы уæнгтæ æмæ стæй та НАТО-йы дуар уыдзæн гом. Паддзахадтæ, кæцытæ НАТО-йы стандартмæ æмбæлон уыдзысты , уæд НАТО-йы уæнгтæй суыдзысты. Уæрæсемæ нæй бар, йæхи фæтъысса, блокировкæ скæна кæнæ фæурома суверенон паддзахадты НАТО-йы уæнгсуæвыны процесс.
Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ уый, цæмæй Уæрæсейæн гæнæн ис йæ зæрдæмæ нæ цæуа искæцы бæстæйы НАТО-йы уæнгсуæвыны фарстæ, ацы процессы фидæн нæ бæрæг кæны. Уый цæвиттонæн та сæрмагонд бæстæ – Норвегий æрхаста. Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы нæдæр йеуæд цыдис йæ зæрдæмæ бæстæйы НАТО-йы уæнгсуæвыны фарста, фæлæ Норвеги НАТО-йы стандарттæм æмбæлон уыд æмсæ альянсы уæнгæй ссис.
Йенс Столтенберг куыд хъусын кæны уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ стыр падздахадтæ куы скуыддзаг кæной куыд архайдзысты сæ сыхаг чысыл бæстæтæ, уæд уыцы хъуыддаг ивгъуыд заманмæ æрыздæхт уыдзæн.
НАТО-йы генералон нымæрдары дзырдæй, зæгъгæ йæ фæнды ахæм дунейы цæрын, кæцыйы суверенон паддзахадтæн цыт кæндзысты нæкæсгæйæ сæ асмæ, экономикæмæ кæнæ æндæр миниуджытæм.
«Адон сты фундаментон принциптæ æмæ сæм гуырысхойы цæстæй куы кæсæм, уæд тынг тæссаг фæндагыл слæудзыстæм» – хъусын кæны Йенс Столтенберг.