Йенс Столтенберг - Гуырдзыстон хуынд у НАТО-ы лидерты фембæлдмæ, уый у солидарондзинады æмæ æнгом партнерады нысаниуæгджын равдыст
Гуырдзыстон хуынд у лидерты фембæлды хайад райсынмæ; мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у солидарондзинады æмæ НАТО-Гуырдзыстоны æнгом партнерады нысаниуæгджын равдыст, – уый фæдыл НАТО-ы министериалы размæ ауадзгæ брифингыл альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг райхъусын кодта.
Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ ахсджиаг у, цæмæй НАТО-ы æмцæдисонтæ стыхджын кæной партнерты фарсхæцын æмæ Гуырдзыстон, ацы партнер бæстæты æхсæн у сæ иу.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Украинамæ Уæрæсейы æбуалгъ интервенцийы фоныл, ноджы нысаниуæгджындæр у, цæмæй НАТО-йы æмцæдисонтæ стыхджын кæной æндæр партнертæн æххуыс, кæцытæ сты æнæхъахъъхæд Уæрæсейы агрессийы раз. Кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстон ахæм бæстæты æхсæн у сæ иу.
Уæрæсе нырид бабырста Гуырдзыстоны территоритæм, контрол кæны йæ хæйтты æмæ уый тыххæй дæр æнхъæлмæ кæсын, цæмæй æмцæдисонтæ æрныхас кæндзысты конкретон къахдзæфтыл, кæцы ноджы стыхджындæр кæндзæн практикон партнерад; уый цæмæй куыд кусæм иумæ ахуырты, фадæттæ стынг кæныны, реформæты æрдгæй, цæмæй райрæза Гуырдзыстоны амалхъомдзинад, йæ ныхмæ слæууа Уæрæсейы интервенцийæн æмæ Гуырдзыстоны стабилондзинады æмæ территорион æнæхъæндзинады агайыны тыхайрхайдæн», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.