Йенс Столтенберг - Гуырдзыстон æмæ Украина НАТО-йæн сегасдæр хæстæг партнерты æхсæн сты, цæттæ стæм сифтонг сæ кæнæм политикон æмæ практикон æххуысæй
Гуырдзыстон æмæ Украина сты НАТО-ы æввахсдæр партнерты æхсæн, цæттæ стæм уыдонæн политикон æмæ практикон æххуысмæ – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг райхъусын кодта цæгат-атлантикон советы рабадты байгомыл, кæцыйы хайад исынц Гуырдзыстон æмæ Украина.
«Сæрмагондæй арфæгæнæг дæн министр Залкалиани æмæ минист р Кулебайæн, цæгат-атлантикон советы ацы рабадтыл, Гуырдзыстон æмæ Украина хайад кæй исынц уый тыххæй.
Июны Брюсселы ацæугæ самитыл альянсы уæнг бæстæты лидертæ сбæлвырд кодтой хъæддых фарсхæцын Гуырдзыстон æмæ Украинайы территорион æнхъæндзинад æмæ суверенитетæн.
Гуырдзыстон æмæ Украина сты НАТО-йæн сегасдæр хæстæг партнерты æхсæн, кæцытæ хайбавæрд кæнынц НАТО-ы операциты æмæ мисситы æмæ тырнынц альянсы уæнгсуæвынмæ.
НАТО разы у Бухаресты саммитыл ист уынаффæимæ æмæ цæттæ стæм Гуырдзыстон æмæ Украина сифтонг кæнæм политикон æмæ практикон æххуысæй» – райхъусын кодта НАТО-ы генералон нымæрдар.