Йенс Столтенберг дзырдæй баздæхт «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2022»-ы фæлгæтты ацæугæ мадзалы хайадисджытæм
НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2022»-ы фæлгæтты цытджын уазджыты бонмæ нывонд мадзалы хайадисджытæм раздæхт.
Йенс Столтенбергы фидиуæнæй, зæгъгæ фæнысангонд ахуыртæ, кæцы нырид æртыккæгæм хатт ацыд, æвидсынц НАТО-йы хæсист, стыхджындæр кæна Гуырдзыстон иргъæфхъомады фæрæзтæ.
«Гарзджын тыхты ахуыр – у НАТО-ы Гуырдзыстонимæ æнгом æмгуыстады демонстраци.
Ацы аз ахуыр вазыгджын ауæлтты фоныл ацыд. Президент Путин æнæауæрдон æмæ бынтон æнæрастæй ныббырста Украинамæ. Уый бауромын кодта сабырдзинад Европæйы. Фыццаг хатт нæу, Уæрæсе тыхдзинадæй куы архайы йæ ныанмæ баххæссын. Гуырдзыйæгтæ уый сегасдæр хуыздæр зонынц. Федтам цы æрцыд уæ бæстæйы 2008 азы. Мах уыдæттæ федтам Хъырымы 2014 азы æмæ та ногæй уынæм абон – хæсты хуызæй Украинайы. Уый у сегасдæр æбуалгъ æфсæддон агресси Европæйы фæстаг дæсгай азты дæргъы, кæцы æрвылбойнонæй хæссы мæлæт æмæ ыскуынæг. Уый æртхъирæн æмæ быцæцусидт æвзæрын кæны æдасдзинадæн, Европæйы æмæ йæ фæсарæнты æмæ æхсæнадæмон барадæй бæрæг фæткæвæрдæн. НАТО-ы æмцæдисонтæ тызмæг фауынц Уæрæсейæ цæугæ агресси. Нæ сидт Путинмæ у, æнæаргъæвгæйæ фæуромæт хæст. Нæ алы ресурстæ аздæхдзыстæм Украинамæ æмæ райгонд уыдзыстæм æцæг дипломатийæ. Аскуыддзаг кодтам, цæмæй адарддæр кæнæм Кремлæн уæззау мадзæлттæ фидар кæнын, цæмæй ацы æвирхъау хæст фæуа. Ацы рæстæджы, НАТО-ы æмцæдисонтæ фарсхæцынад æвдисынц Украинайæн æфсæддон хотыхтæй, финансон æмæ гуманитарон æххуысæй, цæмæй фервæзын кæнæм адæймæгты цард æмæ баххуыс уæм бæстæйæн, уа йын йæхи хъахъхъæды бар. Афтæдæр дарддæр кæнæм нæ иннæ партнерты – Гуырдзыстонæн æххуыс. Растдæр уый тыххæй нын ис æнгом консультацитæ Тбилисимæ æмæ дзуаппæн координацигондæй архайæм», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг видео-сидты рæстæджы.
Уыимæ ма, Столтенберг банысан кодта, цæмæй Путины хæст Украинайы евроаталантикон æдасдзинад ног раелондзинады раз ралæууын кодта, уымæн æмæ фундаментон принциптæ фæбыцæу кодта тыхæй архайдимæ.
«Ацы ног этапыл НАТО-ы æмцæдисонтæ, иумæ лæууынц партнертимæ æмæ дунейы масштабæй æндæр бæстæтимæ. Иумæйагæй хъахъъхæнæм нæ сæйраг принциптæ, цыт кæнæм алы бæстæйы барæн, сывзара сæрмагонд къурс. Уый у Гуырдзыстоны бар дæр æмæ ацы бармæ ма хъуамæ уа хъавд. Фидар æмæ амалхъом гарзджын тыхтæ сегасдæр сæйраг амал у Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад бахъахъхъæнынæн. НАТО адарддæр кæндзæн сымахæн æххуыс ацы фæндагыл, уымæн æмæ нæ уырны, цæмæй æхсæнадæмон сæрфадыл бындурæвæрд æгъдаумæ гæсгæ, демократи кæддæриддæр æлдариуæг кæны тиранийыл, адæймæгтæ куы вæййынц уæгъдибар, цæрынц æдæрсгæйæ æмæ æнтыстджынæй», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
НАТО-Гуырдзыстоны ахуыры æмæ аргълæвæрды иумæйаг центры Гуырдзыстоны президент, премьер-министр, парламенты сæрдар æмæ хъахъъхæнынады министр уыдысты.
«НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2022» у камандыгæнæгон штабон, кæцы йæ хъуыдыйы дары компьютерон ахуыр. Ахуыртæ æртæ азы мидæг иу хатт цæуынц æмæ нырид æртыккæгæм хатт ацыд.