Йенс Столтенберг – дарддæр кæнæм сидт Уæрæсемæ, фæстæмæ ахонæт Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбарад банымад æмæ фæстæмæ ракæнæт йæ æфсæддон тыхтæ уырдгæй
НАТО разы у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетимæ. Дарддæр кæнæм сидт Уæрæсемæ фæстæмæ ахонæт Абхаз æмæ хуссар Ирыстоны хæдбарад банымад æмæ фæстæмæ ракæнæт йæ æфсæддон тыхтæ уырдгæй – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлды фæстæ лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
«Тынг бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстонимæ æмгуыстадæн. Гуырдзыстон у НАТО-ы иуæй-иу сеппæтæй хæстæгдæр партнер. Ригæйы НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министртæ сбæлвырд кодтой Гуырлдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсхæцын» – банысан кодта Столтенберг.
Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлды рæстæджы æркастысты регионы уæвæг ситуаци.
Уыимæ ма, Столтенбергы фидиуæнæй, Гуырдзыстон æмæ Украинамæ ис бар, сæхæдæг сывзарæт альянстæ æмæ Уæрæсемæ та нæй уый бар цæмæй ацы æвзæрст фæтобæ кæна.
«НАТО дарддæр кæндзæн партнертæн хъæддых политикон æмæ практикон æххуыс. Кусæм Гуырдзыстоны иргъæфхъомад стыхджындæр кæнынæн, уый нымæцы денджызон æххуысæй, иуæмйаг ахуырты æмæ информацийы баивды фæндагæй» – райхъусын кодта Столтенберг.