Йенс Столтенберг – Бухаресты саммитыл рахастам уынаффæ, ома Украина æмæ Гуырдзыстон суыдзысты альянсы уæнгтæ, НАТО-йы дуар гом у æмæ Бухаресты саммиты уынаффæ йæ тыхы ис
НАТО-йы дуар гом у æмæ 2008 азы Бухаресты саммиты уынаффæ йæ тыхы ис – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Бухаресты НАТО-йы министериалы фæлгæтты цæугæ æхсæнадæмон конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсемæ нæй ветойы бар æмæ альянсы уæнгтæм райст æрмæстдæр НАТО-йы 30 уæнг бæстæйы æмæ спирант падздахадты аскуыддзаг кæнинаг у.
«2008 азы, Бухаресты саммитыл рахастам уынаффæ, ома Украина æмæ Гуырдзыстон суыдзысты альянсы уæнгтæ. Æз мæхæдæгдæр уыдтæн ацы саммитыл. Йеуæд бирæ æвзонгдæр уыдтæн æмæ Норвегийы пермьер-министрæй куыстон. Тынг дзæбæх хъуыды кæнын ацы уынаффæтæ æмæ абон хъæддых сæ фарсдар стæм. НАТО-ы дуар гом у æмæ мах уый демоснтраци скодтам, куы раттам фадат Монтенегро æмæ Цæгат Македониæн, НАТО-йы уæнгтæ суыдаиккой. Уый æрцыд Уæрæсейы протестмæ нæкæсгæ. Мах равдыстам ома Уæрæсейæн нæй ветойы бар æмæ НАТО-мæ райсты фарста у æрмæстдæр НАТО-йы уæнг 30 паддзахады æмæ аспирант бæстæты аскуыддзаг кæнинаг. Ныр Путин ныббырста Украинамæ æмæ дзырдта, цæмæй йæ фæнды НАТО, Уæрæсейы арæнты цур къаддæр уа. Реалонæй та, райста бынтон бакомкоммæ уавæр – НАТО-ы тыхтæ сбирæдæр сты альянсы хурыскæсæн флангыл. Уый æддæмæ ма Финлянди æмæ Швеци суыдзысты НАТО-йы уæнгтæ. Равдыстам, цæмæй НАТО-ы дуар гом у. Уый равдыстам æнæрмæст дзырдæй, фæлæ ма хъуыддагæй дæр» – банысан кодта НАТО-йы генералон нымæрдар.