Йенс Столтенберг - Аивгъуыд уыцы  афон,  стыр паддзахадтæ  чысыл  бæстæты бæсты  куы истой  уынаффæгтæ
Йенс Столтенберг - Аивгъуыд уыцы афон, стыр паддзахадтæ чысыл бæстæты бæсты куы истой уынаффæгтæ

Уæрæсемæ  нæй  бар,   сыхаг паддзахады  бæсты рахæсса  уынаффæ  æмæ  йæм  нæй  бар  кантрол кæна   цы  сараздзысты  йæ  сыхаг бæстæт –  уый фæдыл НАТО-ы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг  Брюсселы, Гурдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзеимæ  иумæйаг фидиуæнты  рæстæджы,   фарсты  дзуаппæн   загъта,  кæцы  æххæссыд  Уæрæсейы президент Владимир Путины  фидиуæнмæ.

Столтенберг    банысан кодта, ома   Гуырдзыстон,   хæдбар суверенон  паддзахад  у  æмæ йæм ис бар,   йæхæдæг  сывзара  фидæн,  йæхæдæг аскуыддзаг   кæцы институцимæ  баиу уыдзæн  хæдиргъæфхъомад  райрæзын кæнын  æмæ æдасдзинады  нысанæй.

«Ай æрмæст  йæхи аскуыддзаг кæнинаг  у.   Аивгъуыд уыцы  афон,  стыр паддзахадтæ  чысыл  бæстæты бæсты  куы истой  скуыддзæгтæ.  Æз мæхæдæг дæн    чысыл бæстæйы, Норвегийы минæвар  æмæ   тынг хъал дæн, цæмæй  1949 азы  мæ бæстæ  цæгат-атлантикон   альянсы уæнг кæй ссис.  Уый  ацы  уынаффæ  йæхæдæг рахаста  æмæ   советон цæдисмæ нæ уыд бар,   ацы  процессы  исты  сдзырдтаит»-  райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.

Афтæма, йæ  ныхæстæм гæсгæ,   йæхæдæг  уыцы  идея, ома сыхаг  бæстæйы цæугæ  демокративон   процесстæ  Уæрæсейæн  тæссаг сты  зæгъгæ,  сæрæй-кæронмæ  у   æнæраст  хъуыды.

«Реалондзинад  ахæм у,  цæмæй  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  уæнгсуæвыны  фæдыл уынаффæ  иумæ райсдзысты  альянсы  уæнг 29  бæстæ æмæ  кандидат Гуырдзыстон. Райгонд дæн уыцы  фактæй, цæмæй   амæйразмæ  саммитыл  аыц  бæстæтæ  ноджы иу хатт  сбæлвырд кодтой Гуырдзыстонæн  фарсхæцынад.  Мах политикъонæй  йæ  фарс хæцæм  модернизацийæн,   хъахъхъæнынады институцийы  фæтыхджындæрæн,  Гуырдзыстоны  хайадæн   НАТО-йы   программæты æмæ  Гуырдзыстон  хайбавæрдæн  НАТО-йы   æфсæддон   ахуырты.  Уæрæсемæ ницæйхуызæн бар нæй,  ацы  процессмæ  хи фæтъыссын» –  райхъусын  кодта  Йенс Столтенберг.

Уæрæсейы  президент, Владимир Путин  телекомпани Fox News-имæ интервьюйы  райхъусын кодта,  цæмæй   зæгъгæ Уæрæсемæ,   Гуырдзыстон æмæ Украинæйы   НАТО-йы  уæнгсуæвынмæ гæсгæ уыдзæн  тынг æппæрццаг  реакци.