Йенс Столтенберг - Афгъанистан нал у  æхсæнадæмон террористты  хиæмбæхсæн, уымæ  баххæссын гæнæн нæ уыдаит æнæ гуырдзиаг æфсæддæттæй
Йенс Столтенберг - Афгъанистан нал у æхсæнадæмон террористты хиæмбæхсæн, уымæ баххæссын гæнæн нæ уыдаит æнæ гуырдзиаг æфсæддæттæй

Афгъанистан нал у  æхсæнадæмон террористты  хиæмбæхсæн, уымæ  баххæссын   гæнæн нæ уыдаит æнæ гуырдзиаг æфсæддæттæй –  уый  тыххæй  НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг   райхъусын кодта,   кæцы «НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыр æмæ  аргълæвæрды центры» уыд  æмæ  фæцæфуæвæг  æфсæддон гæстимæ фембæлд.

Йенс Столтенберг  альянсы  алы уæнгы æмæ  партнер  бæстæйы   номæй, гуырдзиаг æфсæддæттæ  сæ  куысты  тыххæй   раарфæ кодта.

«Фыццаджы дæр,  тынг райгонд дæн, цæмæй  мæм абон ам  уæвын  æмæ  сымахимæ алкæйимæ  фембæлыны фадат ис. Зонын  цæмæй  уæ бæстæйæн службæ кæнут  æмæ  нæ  альянсæн.  Уыцы   куыст, кæцыйы  сымах æххæст кæнут,  тынг нысаниуæгджын у  махæн алкæмæн, уымæн  æмæ  нын æххуыс кæнут  терриоризмы ныхмæ  тохы.  Афгъанистаны уый тыххæй  стæм,  цæмæй  нæ  бауырна, уый æмæ ацы  бæстæ  никæд бонты  суыдзæн   террористтæн хиæмбæхсæнæй.  Бирæ  æнтыстмæ æрцыдыстæм. Афгъанистаны  нæ мисси куы райдыдтам 2001-2002 азты, уæд Афгъанистаны кантрол кодта  «талибан»  Афгъанистан уыдис  æдас бынат террористтæн, мах уыдтам уыцы тызмæг  режим, кæцы  къуындæг кодта  Афгъанистаны сабырадон  цæрджыты.

Афгъанистаны  нырма  бирæ проблемæ ис, фæлæ  зонæм  цæмæй  абон   Афгъанистан нал  у  хиæмбæхсæн «Ал-Каедайæн», æхсæнадæмон террористтæн. Уымæ æрцæуын   гæнæн нæ  бауыдаит, æнæ сымах, æмæ уый тыххæй дæр альянсы алы  уæнгы, партнер бæстæты æмæ  алы уыцы адæймагы номæй,  чидæриддæр  абон  йæ  бæстæйы  сабыр  цард кæны,  фæнды мæ  стыр  бузныг уын зæгъон, сымах цы куыст сæххæст кодтат  æмæ алцыппæт уый тыххæй,  цыдæриддæр альянсæн сарызтат» – райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.

НАТО-ы  генералон нымæрдар, Йенс СТолтенберг, «НАТО-Гуырдзыстоны ахуыр 2019»-ы  цыдимæ  æрзонгæ ис.