Йенс Столтенберг – æрныхас кодтам, адарддæр кæнæм хъæуындзинæдтæм гæсгæ æххуыс, цæмæй стынг кæнæм Гуырдзыстоны, Босни-Герцоговинæйы æмæ Молдовæйы иргъæфхъомады фадæттæ
Æрныхас кодтам, цæмæ йхъæуындзинадмæ гæсгæйæ æххуыс адарддæр кæнæм, цææмй стынг кæнæм Гуырдзыстоны, Босни-Герцоговинæйы, Молдовæй иргъæфхъомады фæрæстæ æмæ НАТО-имæ æмбынатидзинад – уый фæдыл НАО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг райхъусын кодта.
Столтенбергы дзырдæй, НАТО-йы æмцæдисонтæ æркастысты альянсы хæсдзинæдтæ уыцы партнертæм гæсгæйæ, кæцытæ лæууынц рискы раз.
«Æхсызгон у НАТО-ы æмцæдисонты æрдгæй Украинайæн æххуысы фæдыл ног дзырдлæвæрдтæ. Уый критиконæй нысаниуæгджын у. Украинайæн ис фадæтты рудзынг, цæмæй фæива баланс, рæстæг та у сæйраг. Министртæ афтæдæр æркастысты нæ хæсдзинæдтæ уыцы партнерты раз, кæцытæ афтæдæр лæууынц рискы бын, сæ нымæцы сты Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ. Æрныхас кодтам, цæмæй адарддæр кæндзыстæм хъæуындзинæдтæм гæсгæ уыдонæн фарсхæцын, цæмæй стынг кæнæм сæ иргъæфхъомады фадæттæ æмæ НАТО-имæ æмбынатиндзинад» – банысан кодта Йенс Столтенберг.