Йенс Столтенберг - Æмцæдисонтæ æрныхас кодтой, цæмæй афтæдæр хъуамæ райрæзын кæнæм нæ æххуыс æндæр партнертæн, уый нымæцы Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинайæн
НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг НАТО-ы саммиты фæстæ лæвæрд пресс-конеференцийыл Гуырдзыстоны æмæ Босни -Герцоговинæйæн æххуысыл фæныхас кодта.
ЙÆ дзырдæй зæгъгæ, Евроцæдисимæ иумæ НАТО хъуамæ баххуыс уа ацы бæстæтæн суверенитет бахъахъхъæды.
«Æмцæдисонтæ æрныхас кодтой, цæмæй афтæдæр хъуамæ райрæзын кæнæм нæ æххуыс æндæр парнертæн, кæцытæ рискъы раз сты Уæрæсейы хифæкæнды тыххæй, уый нымæцы Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинайæн. Евроцæдисимæ иумæ мах, хъуамæ баххуыс кæнæ сæ суверенитет бахъахъхъæды æмæ сæ фæразондзинад стыхджын кæнынæн», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.