Йенс Столтенберг – Æдасдзинады расидтыты тыххæй НАТО атомон арсеналы адаптаци кæны
Йенс Столтенберг – Æдасдзинады расидтыты тыххæй НАТО атомон арсеналы адаптаци кæны

Æдасдзинады расидтыты тыххæй  НАТО атомон  арсеналы адаптаци æххæст кæны, – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг   альянсы   хъахъхъæнынады минристериалыл  райхъусын кодта.

НАТО-ы минимстериалы  атомон  сплан кныны къорд дæр исы хайад.

Столтенбергы  дзырдæй, зæгъгæ   атомон хæцæнгарз  НАТО-ы  æдасдзинады гарант æмæ  сабырады  хъахъхъæды  фадат у.

«Ройтер» фыссы, цæмæй   нæкæсгæ уымæ, цæмæй Иугонд Штаттæ   сæвæрдтой атомон бомбæтæ  Европæйы  цалдæр ран, НАТО стæмты ныхас кæны ацы  хæцæнгарзыл æргомæй.

11 июны   Уæрæсе райхъусын кодта, цæмæй   æфсæддæ райдыдтой  ахуырты дыккаг этап, цæмæй  сахуыр уой   тактикон   атомон  хæцæнгарзы сæвæрыны Белорусы æфсæддимæ иумæ.

Фæстаг азты æмæ мæйты дæргъы мах цы федтам, у тæссаг  атомон риторикæ  Уæрæсейы æрдгæй. Уæрæсе  райхъусын кодта, цæмæй  сæвæрдтой  атомон хæцæнгарз  Белорусы.  Мах  афтæдæр федтам цалдæр ахуыртæ, атомон ахуыртæ уырыссаг фарсæй.  Афтæма нæ  зæрдыл хъуамæ бадарæм,  цæмæй не æмбæлæм атомон расидтытыл æрмæст Уæрæсейæ, фæлæ ма Китайæ дæр, кæцы ныр йæ атомон  фæрæзтæ активонæй нæуæг кæны», –  райхъусын кодта Йенс Столтенберг.