Йенс Столтенберг – 2008 азы Гуырдзыстонмæ бабырсты фæстæ дæр архайдтам Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнын
Йенс Столтенберг – 2008 азы Гуырдзыстонмæ бабырсты фæстæ дæр архайдтам Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнын

Гуырдзыстонмæ, 2008 азы бабырсты фæстæ дæр архайдтам Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнын,  НАТО-Уæрæсейы Советы фæлгæтты дæр фембæлдыстæм 2022 азы январы, фæлæ сыхаг бæстæмæ куы бацæуынц, уæд мидисджын диалогы фæзуат фæзынд зæгъæн ис æмæ фесæфт – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг расидтис.

«Мæнмæ гæсгæ, уазал хæсты фæстæ нæ сыхаг Уæрæсеимæ хуыздæр ахастытæ саразыныл бацархайын бынтон раст уыд. Фарст уый мидæг ис, æмæ кæд рабæрæг, кæй нæ кусы? Уæрæсе 2008-æм азы Гуырдзыстонмæ куы æрбабырста, уæд дæр бацархайдтам, архайдтам Уæрæсеимæ нæ ахастытæ фæхуыздæр кæныныл.  2022 азы январы дæр, куы зыдтам, Уæрæсе кæй план кæны масштабон интервенци, уæд мах фембæлдыстæм НАТО-Уæрæсейы Советы, цæмæй бафæлварæм фæстаг дипломатон тыхархайд саразын, цæмæй ацы хæст ма æрцæуа. Мах æцæгæйдæр архайдтам Уæрæсейы политикон æгъдауæй баст кæнын æмæ политикон диалог саразын. Фæлæ сыхаг бæстæйы масштабон интервенци куы æххæст кæнынц, мингай адæймæгты куы амарынц, горæттæ æмæ æмбæстагон инфраструктурæйыл бомбæтæ куы æппарынц, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мидисджын диалогы бынат, зæгъæн ис, æмæ фесæфт. Ацы фоныл, президент Зеленскийы расидæнмæ гæсгæ, бæрæг этапыл Уæрæсеимæ бæрæг бадзырдтæ хъуамæ сырæза æмæ уый расидтис, цæмæй Уæрæсе хъуамæ уа сабырадон процессы хай, уымæн æмæ фæстагмæ дæ знæгтимæ иумæ хъуамæ ссарай æскъуыддзаг», – загъта Столтенберг загъта.

Уымæй дарддæр ма уый банысан кодта, зæгъгæ, Украинæйæн йæхи бар у сбæрæг кæнын, цавæр сты райсинаг уавæртæ Уæрæсеимæ бадзырдтæн.