Йенс Столтенберг – алцыппæт сараздзыстæм, æмцæдсонты бахъахъъæнынæн, Бухаресты министериалыл æркæсдзыстæм Украинайæн, Молдовæйæн, Босни-Герцоговинæйæн æмæ Гуырдзыстонæн æххуысы  фæндæгтæ
Йенс Столтенберг – алцыппæт сараздзыстæм, æмцæдсонты бахъахъъæнынæн, Бухаресты министериалыл æркæсдзыстæм Украинайæн, Молдовæйæн, Босни-Герцоговинæйæн æмæ Гуырдзыстонæн æххуысы фæндæгтæ

Мах алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй  бахъахъхъæнæм  нæ æмцæдисонты алкæй дæр.  Бухаресты  НАТО-йы фæсарæн хъуыддæгты министртæ æркæсдзысты  фæндæгтæ  Украинайæн æххуыс тынгдæр кæнынæн, афтæ  куыд æндæр   партнерты, кæцытæ  æвзарынц  уырыссаг  æлхъывд,  цахæмдæр сты Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ –  уый фæдыл НАТО-йы  генералон  нымæрдар Йенс Столтенберг  Румынийы  президент Клаус Йоханнисимæ иумæйаг пресс-конефренцийыл  райхъусын кодта.

Столтебергы  дзырдæй Румыни уагъд фембæлдыл касты иуæй-иу темæ Украинайы  Уæрæсейы æнæзакъонон  хæсты фæстиуæгæн  уæвæг  быцæусидтытæ уыд.

«Абоны фембæлдыл мах Сау Денджызы регионы æдасдзинад æркастыстæм,кæцы  стратегион  нысаниуæгджын у æнæхъæнæй НАТО-йæн.  Афтæма, фæуынаффæ кодтам Украинайы   Уæрæсейы  æнæзакъонон зæсты фæстиуæгæн  сæвзæргæ  быцæусидтытыл.  Райуæрстам ног   хæцæн балтæ, сæ нымæцы уыдоны, кæцытæн ам Румынийы, къухдариуæг кæны Франц. Канадæйаг  авиакунæггæнджытæ нын афтæдæр   æххуыс кæнынц уæ  уæларвы æдасдзинад сфидар кæныны  æмæ АИШ-ы  Петриоты ракетæтæ тынг кæнынц уæ хъахъхъæдад. Уый дырыс сигнал у  цæмæй  НАТО  ам ис.  Алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй бахъахъъæнæм нæ партнерты иууылдæр.  Бухаресты  НАТО-йы  фæсарæн хъуддæгты министртæ  тæрхон æркæсдзысты  фæндæгтæ Украинайæн æххус тынг кæнынæн, афтæ  куыд æндæр партнерты, кæцытæ æвзарынц  æлхъывд Уæрæсейæ,  цахæм дæр сты Босни-Герцоговинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ» –   райхъусын кодта Столтенберг.

29 ноябры Бухаресты  НАТО-йы  министериал  ацæудзæн, кæцыйы хайад райсдзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили.