Энегретикон биржæйы скусын кæнын та ноджы иу афæдзæй æрцыд æргъæвд
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæдивæг Ромео Микаутадзейы информацийæ, Гуырдзыстоны энергетикон биржæйы скусын кæнын иу афæдзæй аргъæвдтой.
Микаутадзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, аххос ссис регионы уæвæг геополитикон уавæр.
«Энергетикон биржæйы скусын кæныны æргъæвд иу афдзæй у хицауады инициативæ. Куыд ивгъуыд азы, ацы аз дæр регионы уæвæг фæзындты тыххæй рахастам ацы уынаффæ. Æргъты, стабилизацийы, æмтгæй зæгъгæйæ уыцы турбулентон уавæрмæ гæсгæ рахастам ацы уынаффæ, кæцыйы стæм алчи», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæдивæг.
Энергетикон биржæйы скусын кæнын, нырид ÆХСÆЗÆМ ХАТТ æрцыд æргъæвд. Йæ скусын кæныны æппынфæстаг датæ цæугæ азы фыццаг июл уыд.
Энергетикон биржæ у уæгъдибар, иугуыр базар, кæцыйыл ставд кондадтæн уыдзæн фадат, электроэнерги балхæнынæн комкоммæ биржæйыл базар кæнын æмæ ГЭС ты хицæуттимæ контракттæ хæдбарæй бафыссын. Ставд компаниты бацыд уæгъдибар базармæ фæлхасгæнæгон тарифтыл æлхъывд хъуамæ фæрогдæр кæна.